Хицауады сæрдар: куыд тагъддæрæй хъæуы аиуварс кæнын авари электрохаххыл

© Пресс-служба правительства Хицауады сæрдар: куыд тагъддæрæй хъæуы аиуварс кæнын авари электрохаххыл
Хицауады сæрдар: куыд тагъддæрæй хъæуы аиуварс кæнын авари электрохаххыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сæвзæргæ уæлвæткон уавæрыл æруынаффæ кодтой оперативон æмбырдыл премьер-министрмæ

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик бахæс кодта цыбыр æмгъуыдмæ аиуварс кæнын авари электрохызæгыл, кæцы ифтонг кæны республикæ рухсæй æмæ сифтонг кæнын стратегион нысаниуæгджын объектты æнæрлæугæ куыст, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Хуссар Ирыстон аззад æнæ рухсæй сабаты тыхджын дæлдзырæтты аххосæй, кæцытæ ныскъуыдтæ кодтой электрохæххытæ. Сæвзæргæ уæлвæткон уавæрыл уынаффæ цыд премьрмæ æмбырдыл.

"Хъæуы куыд тагъддæрæй ауадзын куыстытæ Дзомагъгомы районы электрохызæгыл авари аиуварс кæныны фæдыл, афтæ ма стратегион нысаниуæгджын объектты æнæрлæугæ куыст сифтонг кæнын. Кусæгон режимы, фыццаджыдæр, хъуамæ уой хосгæнæн æмæ ахуырадон уагдæттæ, интернат æмæ зæрæдты хæдзар", — банысан кодта Пухаты Эрик.

"Энергоресурс"-ы минæвар Гæбæраты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл куыстытæ ныр цæуынц æртæ суткæйы бæрц, ныридæгæн цалцæг æрцыдысты æртæ фескъуыды.

Ӕртæ бон æнæрухсæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртæ бон æнæрухсæй: куыд æмæ кæд аскъуыддзаг уыдзæн проблемæ

"Хъæуы бацæуын Дзомагъгоммæ Цæгаттаг порталы ′рдæм, цæмæй сбæлвырд кæнæм æндæр зиæнттæ, фæлæ дзы бацæуæн нæй. Фæндагон службæтæ УУМ-имæ нын æххуыс кæнынц проблемæ аскъуыддзаг кæнын, кусæм æвæллайгæйæ", — загъта Гæбæраты Анатолий.

Ӕмбырдыл ма уынаффæ кодтой, республикон рынчындон æмæ гуырæн хæдзар электроэнергийæ сифтонг кæныны мадзæлттыл, донифтонгад сæндидзын кæныныл, сывæллæтты рынчындон æмæ дзулфыцæн комбинаты æмæ æндæр ахсджиаг объектты генераторты хъомыстæ адих кæныныл.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь загъта, МХМ-ы хисæрмагонд сконд кæй рахызт службæ фæтыхджындæргонд режимы хæссынмæ, республикæйы фæфылдæр ис патрулон экипажты нымæц.

Ӕмбырды хæдфæстæ Пухаты Эрик ацыд фæндагон службæимæ электрохызæджы аварийы бынатмæ Дзомагъгоммæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0