ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик ракуырдта Уæрæсейы УУМ-æй вертолет Дзомагъы комы электрохызæджы хаххы аваритæ аиуварс кæнынæн.
Энергоифтонагд Хуссар Ирыстоны территорийыл ахицæн сабаты стыр митуардты аххосæй. "Энергоресурс"-ы информацимæ гæсгæ, иуварс æрцыдысты æртæ аварийы.
Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, аннæ аваритæ сбæлвырд кæнынæн хъæуы схизын Дзомагъы коммæ, фæлæ фæндаг у зынвадат.
"Электрохызæджы хаххыл ис бирæ скъуыдтæ, ныууарыд стыр мит, йæ уæзæй скъуыйынц телтæ. Мах ракуырдтам вертолет ацы бынат басгарынæн", — хъусын кæны Пухаты Эрикы ныхæстæ ПТРК "Ир".
Хуссар Ирыстоны УУМ фехъусын кодта, электрохызæджы линийыл ссардтой ног авари, фæндагæй 4 километр дæрддзæф Дзомагъы комы. Электрохызæджы хаххыл нырма ис бирæ кусинаг, хатдзæгтæ уыдзысты иууыл тагъд дыццæджы.