Хуссар Иры МХМ радзырдтой æдасдзинады мадзæлтты тыххæй Ног азмæ

Цхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Милицийы кусджытæ сæ хъус дардзысты æхсæнадон уагæвæрдмæ, скъолаты æдасдзинадмæ, æнæзаконон пиротехникæ, алкоголь уæй кæнынмæ æмæ хæцæнгарзæй пайда кæнынмæ

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ногазон мадзæлтты æдасдзинад хъахъхъæндзысты мидхъуыддæгты министрады (МХМ) 600 кусæджы. Ведомствæйы хисæрмагонд сконды ракæндзысты службæ хæссыны фæтыхджындæргонд режиммæ, фехъусын кодтой МХМ-ы пресс-службæйы.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæг, æхсæнадæмон æдасдзинады милицийы сæргълæууæг Пухаты Мераб ауагъта æмбырд, цы ран уынаффæ кодтой ногазон бæрæгбæтты рæстæджы уагæвæрд æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны фарстытыл.

"Мах хъуамæ аздахæм æппæт тыхтæ дæр, цæмæй ногазон мадзæлттæ ацæуой æнæ исты æвирхъау цаутæй. Уый тыххæй нын ис алы уавæртæ дæр.", — загъта Пухаты Мераб.

МХМ-ы пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, ныридæгæн арæзт цæуы организацион-профилактикон мадзæлтты нывæзт – Ӕнæведомствæйон хъахъхъæнынады кусджытæ хæссынц службæ сæ дæлбар объекттыл, милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд та техникон фæрæзтæ æмæ ахуыр куыйты æххуысæй ауадздзысты, ногазон мадзæлттæ цы бынæтты уагъд цæуыдзысты, уыдон оперативон-техникон басгæрст, горæты кусдзысты милицийы уæлæмхас посттæ æмæ нарядтæ.

Пиротехникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пиротехникӕйыл табу: Хуссар Иры милици уадзы рейдтӕ

МХМ-ы кусджытæ ма уадзынц рейдтæ æмæ фæдзæхсынц амалиуæггæнджыты пиротехникон æрмæджытæ уæй кæныны фæдыл административон бæрндзинады тыххæй. Пухаты Мераб банысан кодта, мидхъуыддæгты органтæ кæй аздахдзысты сæ тыхтæ ногазон бæрæгбæтты хæцæнгарзæй æнæзаконон æхсыны цауты ныхмæ.

"Хæцæнгарзæй спайда кæныны факттæ рафæлгъауыны рæстæджы мах байсдзыстæм æхсæнадон уагæвæрд фехалæгæн йæ лицензи хæцæнгарз химæ дарыны тыххæй", — банысан кодта уый.

Милицийы кусджытæ сæ хъус дардзысты скъолаты уагæвæрдмæ, цæмæй æхсæнадон мадзæлттæ уадзыны бынæттæм æввахс ма руадзой нозт реализаци кæныны цаутæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0