ЦХИНВАЛ 27 дек— Sputnik, Плиты Этери. Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан Цхинвалы столицæйы фенын кæндзæн сывæллæттæн ногазон равдыст "Ӕгас цу, Ног аз!", фехъусын кодта Sputnik ССГ-ы директор Джиоты Аряна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зымæгон каникулты рæстæджы сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны баццæттæгонд программæ феныны фадат уыдзæн сæдæгай хуссарирыстойнаг скъоладзаутæн.
2 — 10 январы цы равдысттæ ацæудзысты, уыдонмæ хонæн билеттæ байуардзысты ахуырадон уагдæтты, ногазон программæ нымад у 1- 4 клæссты сывæллæттæн.
"Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны сывæллæттæн равдисдзысты ногазон программæ Бур Куыдзимæ сæйраг ролы. Уый рахиздзæн бирæ цæлхдурты сæрты, кæцытæ йын сарæзтой хинæйдзаг тыхтæ. Кæронбæттæны хорз æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн æвзæрыл", — загъта Джиоты Аряна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг назы æрбайгоммæ хуынд æрцыдысты иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæ. Фыццаг хатт ногазон равдыстмæ хуынд æрцыдысты Знауыры, Ленингоры æмæ Дзауы районты дæрддзæф хъæуты сывæллæттæ. Боны мидæг нывæндынц æвдисын фæйнæ æртæ равдысты – 11:00, 13:00 æмæ 15:00 сахаттыл.