ЦХИНВАЛ 27 дек— Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссарирыстойнаг хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ" радта фæрæзтæ 13-аздзыд Диана Ткаченкойы мадмæ, цæмæй сывæллон адарддæр кæна хоскæнынад. Фонды къухдариуæгад æмæ Диана фембæлдысты скъола-интернаты бæстыхайы, цы ран уый ахуыр кæны.
Чызг йæ ныййарæгимæ æрæздæхт уæрæсейаг столицæйæ дæргъвæтин хоскæнынад æмæ химиотерапийы цалдæр курс рацæуыны фæстæ дыццæджы изæрæй.
Фонды къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Татьяна загъта, организаци дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн Дианайæн.
Чызджы мад, Гаглойты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, кæд æмæ сын дохтыртæ хорз прогнозтæ аразынц, уæддæр ын рæстæгæй рæстæгмæ хъæуы аразын басгæрсттæ.
"Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, мах нал бахъæудзæн химиотерапийы курс рацæуын, фæлæ нæ алы æртæ мæй дæр бахъæудзæн Мæскуымæ медицинон басгæрсттæм цæуын", — загъта Маринæ.
Скъолайы къухдариуæгад æрлæууын кодта чызджы мады зæрдыл, президент Бибылты Анатолийы æнхъарæны тыххæй, кæцы цæттæ у баххуыс кæнын Дианайæн хоскæнынад рацæуын израилаг клиникæтæй иуы.
"Рох уæ ма уæт, Анатолий Ильяйы фырт йæ хъус кæй дары уæ уавæрмæ æмæ цæттæ у бахъуыды рæстæджы Израилы клиникæтæй иуы Дианайы хоскæнынад бафидын. Развæлгъау хъæудзæн æрбавдисын иууылдæр анализтæ æмæ дохтырты хатдзæгтæ", — банысан кодтой скъола-интернаты.
Дианайы мад загъта бузнгы, чидæриддæр фæдаргъ кодта йе ′ххуысы къух — бакодта моралон æмæ материалон æххуыс бинонтæн хоскæнынады курсы дææргъы.