Хуссар Иры 9434 сывæллоны райсдзысты ногазон лæвæрттæ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæНовогодняя ель
Новогодняя ель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног азы цытæн Ахуырады министрад байуардзæн лæвæрттæ сабидæтты, скъолаты æмæ уагдæтты

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 9 434 сабийæн Ахуырады министрад байуардзæн Ног азмæ лæвæрттæ. Уыдонæй 100 сывæллоны сæ ногазон хызынтæ райсдзысты паддзахады сæргълæууæджы къухæй "Президентон наз бæлас"-ы рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik Ахуырады министрады кусæг Тедеты Алена.

Новогоднее представление в Чермене - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан Цхинвалы цæттæ кæны сюрпризтæ скъоладзаутæн

"Ӕдыппæтæй Ахуырады министрад балхæдта 9 434 ногазон лæвары. Уыдон æрвыст æрцыдысты поликлиникæмæ, районтæм, ахуырадон уагдæттæм æмæ организацитæм. Ног азмæ хъуамæ республикæйы фæндзæм къласы онг кары сабитæ сеʻппæт дæр райсой сæ лæвар тыхтонтæ", — загъта Тедеты Алена.

Ахуырады министрады кусæг ма банысан кодта, Ногазон лæвæрттæ 100 сабийы райсдзысты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны "Президентон наз бæласы рæстæджы" паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0