ЦХИНВАЛ 28 дек— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны раздæр бæрзонд бынæтты цы чиновниктæ куыстой æмæ кæцыты аххосджын кæнынц финансон фæрæзты хуыснæгдзинады, уыдон хъуамæ раздахой æхцатæ паддзахадон къазнамæ, загъта президент Бибылты Анатолий хатдзæгон пресс-конференцийы рæстæджы.
Бибылты Анатолий президенты бынатмæ куы бахызт, уæд ахст æрцыдысты хъæууон хæдзарады раздæры министр Плиты Виталий æмæ "Югосетнефтепродукт"-ы гендиректор Тыджыты Владимир, уыдонмæ зæрдæ æхсайы финансон фæрæзты хуыснæгдзинадмæ æмæ куысты барты сæрты ахизынмæ.
"Суммæйы иу хай ныридæгæн здæхт æрцыд, фæлæ бюджетмæ хъуамæ æрбаздæхой фæрæзтæ иууылдæр. Чиновниктæ уымæй ницы фæуыдзысты. Цы фæнды бырутæ ма саразой республикæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ фæсайынæн, уæддæр сын ницы рауайдзæн. Сæхицæн нæхъуаджы ныфсытæ ма æвæрæт", — загъта президент.
Бастдзинады раздæр министр Къæбысты Георгий, кæцымæ зæрдæ æхсайы куысты барты сæрты ахизынмæ, у ахст.