Ирон богалтæ рамбылдтой 8 сыгъзæрин майданы турниры Мæскуыйы

© 15-Й РЕГИОНИрон богалтæ рамбылдтой 8 сыгъзæрин майданы турниры Мæскуыйы
Ирон богалтæ рамбылдтой 8 сыгъзæрин майданы турниры Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ цыппар бронзæ майданы

ЦХИНВАЛ, 12 янв— Sputnik. Мæскуыйы кæронмæ бахæццæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтуæрæсейаг турнир олимпиаг чемпион Александр Иваницкийы призтыл, кæцы æрхаста уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон скъолайы хъомылгæнинæгтæн аст майданы – дыууæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ цыппар бронзæйы, хъусын кæны 15 регион.

Цæболты Хетæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Индийы Лига: Цæболты Хетæг рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы 10:0 хыгъдæй

80 кг онг уæзы категорийы турниры уæлахиздзау ссис Чертхъоты Руслан, кæцы финалы фæуæлахиз дагестайнаг Магомедрасул Расуловыл. 92 кг онг уæзы категорийы æвзист майдан рамбылдта Джыккайты Алан, кæцы фæхæрд Гаджи Гамзатовæн Дагестанæй. Ацы уæзы бронзæйон призер та ссис Елхъанты Дмитрий.

Иууыл уæззау уæзы категорийы та – 110 кг онг – кады пьедестал æнæхъæнæй бацахстой Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Сыгъзæрин майдан рамбылдта Кодзырты Сергей, кæцы финалы разынд тыхджындæр Хуыбылты Аленæй.

Командон бахыгъды фыццаг бынат бацахстой Дагестанæй богалтæ – сæ къухты бафтыд 3 сыгъзæрин, 3 æвзист æмæ 5 бронзæ майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0