Хуссар Иры МХМ та æрæвнæлдта æнæрегистрацигонд хæцæнгарзмæ

© Sputnik / Наталья АйриянКалашниковы автомат
Калашниковы автомат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рейдты исынц хайад паддзахадон автоинспекци, криминалон милици æмæ милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды дæлхайæдтæ

ЦХИНВАЛ, 16 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны МХМ уадзы рейдон мадзæлттæ цæрджытæм æнæзаконон хæцæнгарз раргом кæнын æмæ байсыны, афтæ ма наркотикты æнæзаконон зилдухæн кæрон скæныны нысанæн, фехъусын кодтой ведомствæйы пресс-службæйы.

Республикæйы МХМ-ы кусджытæ иу æмæ дыууæ хатт не "рсидтысты цæрджытæм, цæмæй барвæндонæй раттой сæ автоматикон æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ, хæстæрмæджытæ, рæмудзæн æрмæджытæ, кæцытæ бирæ нымæцы баззадысты цæрджытæм 1989- 2008 азты хæстон архæйдтыты фæстæ.

"Мидхъуыддæгты органтæ уадзынц оперативон-профилактикон æмæ рейдон мадзæлтты комплекс, кæцыты нысан у наркотиктæ æмæ хæцæнгарз ы æнæзаконон зилдухæн кæрон скæнын. Мадзæлтты сæйраг нысан у — цæрджытæм æнæзаконон хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ раргом кæнын æмæ байсын", — загътой МХМ-ы.

Рейдон мадзæлтты исынц хайад паддзахадон автоинспекци, криминалон милици æмæ милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды дæлхайæдтæ.

Хуссар Иры Æдасдзинады Совет æруынаффæ кæндзæн резервистты фæдыл законыл

2016 азы, Хуссар Иры МХМ банымадта, æнæрегистрацигонд хæцæнгарз тыхæй байсыны мадзæлттæ кæй ницæмæ æркæндзысты æмæ бахаста фæндон резервистты фæдыл законыл бакусын, кæцытæн бар уыдзæн сæ хæцæнгарз хæдзары дарын.

"Уæд сын фадат уыдзæн сæ хæцæнгарз срегистраци кæнын æмæ йæ хæдзары законон бындурыл дарынӕн. Махæн та фæзындзæн фадат, цæмæй уымæй спайдагонд цæуа закъонмæ гæсгæ. Дзæгъæл нæмыгæй мæлæт хъуамæ мачиуал ссара", — банысан кодта МХМ-ы уæды министр Лæууойты Æхсар.

Экс-президент Тыбылты Леонид дæр балæууыд ацы фæндоны фарс æмæ бахæс кодта Ӕдасдзинады советæн ацы фарстыл бакусын, фæлæ хъуыддаг ууыл банцад.

Ног хабӕртты лентӕ
0