ЦХИНВАЛ, 18 янв— Sputnik. Швейцариаг национ зонадон фонды археолог Джино Каспари ссардта æнæхъæн 3 000 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм скифаг обау уæрæсейаг республикæ Тывайы. Бæрæггæнæнтæ иууылдæр сты дзурæг ууыл æмæ уый æрмæст егъаудæр скифаг зæппадз нæу Сыбыры, фæлæ ма дзы ис гæнæн æмæ уа хæзнатæ.
Зæппадз Джино Каспари быдырон куыстыты рæстæджы не ′ссардта, фæлæ компьютеры раз. Уый ссардта зилдух структурæ Сыбыры уæвæг цæугæдон Уюкы цъалайы спутникон къамты, кæцы ма у зындгонд, куыд "Паддзæхты сыбараг цъала". Бернаг университеты ахуыргонд Уæрæсейаг зонæдты академи æмæ Эрмитажимæ иумæ ацы сæрд цы иртасынад ауагъта, уый бафидар кодта йæ зæрдæхсайындзинад. Каспари цы æнахуыр зылдтæ ссардта, уый у обау, скифаг паддзахты зæппадз, кæцы схуыдтой Туннуг-1.
Археологтæ къæхтыты рæстæджы цы хъæдын уæладзæнтæ ссардтой, уыдон дзурæг сты, Туннуг-1 кæй у иууыл рагондæр скифаг зæппадз регионы.
Обау ис зынбацæуæн цъыфдзаст бынаты – æввахсдæр цæрæн пунктæй йæм хъæуы цæуын фондз сахаты æвзæр фæндагыл. Фæлæ археологты хъуыдымæ гæсгæ, уый радта фадат уымæн, зæппадз кæй баззад æнæхъæнæй æмæ кæй бахъахъхъæдта йæ мидæг бирæ хæзнатæ.
Каспарийы ныфс ис, къæхтыты рæстæджы уыдонæн кæй бантысдзæн ссарын хъæдыл ныфæфтыдтæ, гауызтæ æмæ ма ис гæнæн æмæ ихын муми дæр.