Джиоты Аслан фæуæлахиз æппæтуæрæсейаг турниры дзюдойæ

© 15-Й РЕГИОНДзюдоист Джиоты Аслан
Дзюдоист Джиоты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен ссис иууыл хуыздæр 100 килограммæй уæлдæр уæзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 19 янв— Sputnik. Ирон спортсмен Джиоты Аслан рамбылдта сыгъзæрин майдан Уæрæсейы сгуыхт тренер Николой Поповы номарæн æппæтуæрæсейаг турниры дзюдойæ, хъусын кæны 15 регион.

Ерыстæ цыдысты Уфайы, хайад сæ райстой 23 азы кары онг 300 спортсменæй фылдæр. Аслан архайдта 100 килограммæй уæлдæр уæзы категорийы æмæ хъахъхъæдта Республикæ Мордовийы спортивон кад.

Ерысты уæлахиздзаутæн фæзынд фадат райсын хайад бæстæйы фыццагады Смоленскы, кæцы ацæудзæн марты, æмæ сæххæст кæнын "Уæрæсейы спорты дæсны"-йы норматив.

Ног хабӕртты лентӕ
0