Ныгуыларгъуыд Леуахийы: уазал дон, чысыл сабитæ æмæ Хуыцауы арфæ

© Sputnik / Наталья АйриянКрещение Господне
Крещение Господне - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ боны размæ ма аргъуыд райсын кæй фæндыд, уыдон уыдысты 50, фæлæ абонмæ сæ нымæц фæдывæр ис

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджыты иу стыр къорд райста аргъуыд Леуахийы сыгъдæг дæтты Хуыцауы Сыгъдæг Раргомдзинады боны. Алайнаг епархийы динамонджытæ саргъуыдтой сæдæйæ фылдæр адæймагыл, сæ фылдæр уыдысты чысыл сабитæ.

Ныгуыларгъуыды бæрæгбонон мадзæлттæ райдыдтой райсом Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны, уый фæстæ динамонджытæ чырыстонтимæ афæндараст сты хуссарирыстойнаг Иордан – Леуахимæ. Доныл саргъуыды фæстæ райдыдта адæмыл саргъауыны церемони.

"Дыууæ боны размæ ма аргъуыд райсын кæй фæндыд уыдон уыдысты 50, фæлæ абонмæ сæ нымæц фæдывæр ис", — загъта аргъуаны кусæг Бекъойты Роланд.

Дзуарæфтыд райсыны бар раздæр радтой иууыл кæстæр сабитæн. Фыццæгтæй иу уыд цыппармæйдзыд Джиоты Батрадз, уый уазал дон æмæ æнахуыр адæммæ æнæкæсгæйæ, кæугæ дæр не скодта. Фæлæ-иу чысыл хистæрдæр лæппутæ кæугæхъæлæсæй хъæр кодтой "уазал у".

© Sputnik / Наталья АйриянНыгуыларгъуыд Леуахийы
Крещение - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныгуыларгъуыд Леуахийы

Лæппутæй фидардæр сæхи дардтой чысыл чызджытæ, зыр-зыргæнгæйæ, фæлæ мидыблхудтимæ цыдысты ныгуыларгъуыды фæстæ.

"Тынг уазал у, фæлæ хорз у. Ерын дзуарæфтыд райстон, фæлæ иннæ аз та нæуи ныххиздзынæн Леуахийы Доныскъæфæны бон. Рагæй бæллыдтæн ацы хъуыддагмæ", — загъта 8-аздзыд Алекандра.

Донаргъуыды цермони уагъта фыд Иаков, Леуахийы астæумæ уазал доны лæугæйæ. Донæй схизджытыл æмбæлдысты Алайнаг епархийы иннæ динамонджытæ æмæ уагътой аргъуыды дыккаг этап — Сыгъдæг Миройæ сæрдыны æгъдау.

Ныгуыларгъуыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыд Иаков Ныгуыларгъуыд, Сыгъдæг дон æмæ дзуарæфтыд ныййарджыты тыххæй

"Дзуарæфтыд рацæуы дыууæ этапæй, фыццаг у донаргъуыд, дыккаг этапыл сын сæ ныхыл аразæм соййæ дзуар, уымæй адæймаг исы Сыгъдæг моны нысан æмæ уый фæстæ свæййы Рæстдинон аргъуаны æмбар уæнг. Сæ сæры дзыккуйæ сын иу бындзыг ралыг кæнæм, уый та у рæстдинонæн йæ фыццаг нывонд Хуыцауæн", — загъта фыд Алекси.

Аргъуыд райсыны рæстæджы Леуахийыл дзуарæфтыды церемони цы бынаты цыд, уымæй чысыл дæлдæр лæууыдысты УУМ кусджытæ фыдбылызæй бахизы нысанæн, фæлæ сæ архайд бахъуыд æрмæстдæр дзуарæфтыдисджыты къахыдарæс ахсынæн.

© Sputnik / Наталья АйриянНыгуыларгъуыд Леуахийы
Крещение - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныгуыларгъуыд Леуахийы

Абон ма дзуарæфтыд ацыд чысыл Леуахийы дæтты дæр, уым та аргъуыд уагътой Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг епархийы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0