Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ фембæлдысты арæныл

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ фембæлдысты арæныл
Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ фембæлдысты арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембæлды дзырд цæудзæн дыууæ бæстæты арæнгæрон территоритыл æдасдзинады фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 24 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл Эргнеты хъæуы цур æртыццæджы райдыдта Инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон фембæлд, фехъусын кодтой Sputnik президенты æххæстбарджын минæвары аппараты.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ногæй æрæвнæлдтой арæны хæрзарæзтадмæ

Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны делегацитæ ОБСЕ æмæ Евроцæдисы хайадистæй æруынаффæ кæндзысты æдасдзинады фарстытыл æмæ ИÆАМ форматы радон фембæлдæй фæстæмæ арæнгæрон территоритыл æрцæугæ инциденттыл.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сӕргъ лӕууы президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фӕсконфликтон уавӕр ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл Джиоты Мурӕт. ИÆАМ форматы фембæлдтæ уагъд цæуынц 2009 азæй фæстæмæ. Традицион æгъдауæй сæ хайад райсынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсейы минӕвӕрттӕ ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0