ЦХИНВАЛ, 25 янв— Sputnik. Паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæйы ("Югоссельхознадзор") къухдариуæггæнæджы хæдивджытæй снысан кодтой Гуыцмæзты Маирбег æмæ Ӕлборты Таймуразы. Сæ кандидатурæтæ хорзыл нымад æрцыдысты республикæйы хицауады рабадтыл, хъусын кæны министрты кабинеты пресс-службæ.
"Службæйы сæргълæууæг Мæргъиты Алан банхъардта йæ хæдивджыты бынатмæ райсын Гуыцмæзты Маирбег æмæ Ӕлборты Таймуразы, кæцыты кандидатурæтæ хицауады уæнгтæ банымадтой хорзыл", — дзырдæуы хъусинаджы.
Нысан куыд цæуы, афтæмæй дыууæ дæр раздæр куыстой хъæууон хæдзарады министрады æмæ сæхи равдыстой, куыд инициативон æмæ цæсгомджын кусджытæ.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæ — "Югоссельхознадзор" — арæзт æрцыд 2017 азы октябры, уæд Хуссар Ирыстоны президент ведомствæйы сæргълæууæгæй снысан кодта Мæргъиты Алан.