Зассеты Сергей: спортыл нæй гæнæн схæцын æнæ финанстæй

© Sputnik / Наталья АйриянСергей Зассеев
Сергей Зассеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг радзырдта республикæйы спорты размæцыды сæйрагдæр проблемæйы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 26 янв— Sputnik, Уалыты Диана. Комитеты хъæуы егъау финанскæнынад, цæмæй спорт схиза æмбæлон æмвæзадмæ, банысан кодта Зассеты Сергей пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры.

"Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет дæс азы бæрц нæ исы æмбæлон финанскæнынад паддзахадон бюджетæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый паддзахады ахсджиагдæр фæдыздæхттæй иу, уымæн æмæ алы бæстæты туризм, зæгъæм, у хицæн къабаз, кæцы домы уæлдай хъусдард", — загъта уый.

Сергейы ныхæстæм гæсгæ, комитетæй ацы къабазы цы куыст домдæуыд, уый сæххæст æрцыд, фæлæ финанскæнынады хъуагдзинады тыххæй, нæй дарддæры размæцыд.

"Спорты мидæг дæр æмбæлæм ахæм проблемæйыл. 2017 азы онг мах хардз кодтам президент æмæ хицауады резервон фондæй, уымæн спортивон мадзæлттæн рахицæнгонд бюджеты фæрæзтæ фаг нæ уыдысты. Ныры уавæр дæр хуыздæр нæу – комитеты хъуагдзинæдтæн рахицæнгонд æрцыд авд милуан сомы æнæхъæн азæн æппæт республикæйæн – уый у тынг цъус. Ногæй та агурæм æххуыс хицауад æмæ президентæй", — загъта уый.

Мини-футболы турнир скъоладзауты 'хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы 2-ӕм скъолайы командӕ ссис мини-футболы турниры уӕлахиздзау

Зассеты Сергей ма бафтыдта, кæй хъæуы кусын футболы размæцыдыл Хуссар Ирыстоны.

"Цæмæй нæ футболисттæ искуыдæм ацæуой сбортæм æмæ хайад райсой æхсæнадæмон турнирты, уый тыххæй иу командæйæн хъæуы 600-700 мин сомы. Ахæм балцтæ та сты æнæмæнгхъæуæг, цæмæй курдиатджын сывæллæттæн уа фадат йæ дæсниад фенын кæнын æмæ химæ хъусдард аздахынæн. Уый фæрцы, сывæллæттæн фæзыны фадат рацæуын профессионалон ахуырад алыгъуызон футболон скъолаты", — бафтыдта Зассеты Сергей.

Уый ма радзырдта, комитеты къухдариуæгад кæй бахатыд паддзахадмæ æххуысы фæдыл, фæлæ нырма ницы мадзæлттæ ист æрцыд.

Президенты Кубок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон футболисттæ нæ райсдзысты хайад ConIFA-йы дунейы кубокы

"Цæмæй спортсменæн уа фадат æхсæнадæмон ерыстæм бахауын, уый тыххæй йын æнæмæнгæй хъæуы баххуыс кæнын. Уæлдайдæр та, Конституцимæ гæсгæ, паддзахад хъуамæ кæна æххуыс ахуырады, уый нымæцы спортивон. Фарон мах бахатыдыстæм хицауадмæ, загътой нын, нырма уал хи фæрæзтæй спайда кæнын, æмæ нын фæстæдæр бакæндзысты уæлæмхас æххуыс. Практикæйы та рауад афтæ æмæ хисæрмагонд фæрæзтæ фесты апрелы, æххуыс та нæ райстам ныры онг", — дзуры уый.

Финанскæнынады хъуагдзинадмæ æнæкæсгæйæ, 2017 азы спорты къабазы уагъд æрцыд 140 мадзалы, спонсортæ æмæ Спортивон федерацийы æххуысæй. Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, ацы азы нывæзтты дæр ис мадзæлттæ ауадзын, фæлæ сæ реализаци баст у паддзахады ′рдыгæй æххуысимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0