Парламенты спикер æмæ УУМ-ы сæргълæууæг баххуыс кодтой бирæсывæллонджын бинонтæн

© Пресс-служба парламента РЮОСпикер парламента и глава МЧС Южной Осетии помогли многодетной семье
Спикер парламента и глава МЧС Южной Осетии помогли многодетной семье - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бинонтæн балæвар кодтой канцелярон гæрзтæ, уæлæдарæс æмæ дзабыртæ

ЦХИНВАЛ, 26 янв— Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы районы Дменисы хъæуы Дудайты Иринайы бирæсывæллонджын бинонтæ райстой Хуссар Ирыстоны парламенты спикер æмæ УУМ-ы сæргълæууæгæй лæвæрттæ се ′ртæ сывæллонæн, фехъусын кодтой парламенты пресс-службæйы.

Сырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн

Уæззау цардуагон уавæрты бахауæг сылгоймаг бахатыд æххуысмæ парламенты спикер Гасситы Петрмæ, кæцы нæ ахызт йæ куырдиаты иувæрсты. Цыппæрæмы бирæсывæллонджын бинонтæм фæуазæг сты парламенты спикер Гасситы Петр æмæ УУМ-ы сæргълæууæг, "Иугонд Ирыстон"-ы лидер Тадтаты Алан.

"Бирæсывæллонджын бинонтæн райстой лæвар канцелярон гæрзтæ, афтæ ма дарæс æмæ дзабыртæ. Дудайты Ирина иунæгæй хъомыл кæны æртæ сывæллоны, иууылдæр сты скъолайон кары. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ цардæмбалимæ раджы ахицæн сты æмæ сæ фыды æрдыгæй сывæллæттæ ницы æххуыс исынц", — загътой парламенты пресс-службæйы.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петры равзæрстой парти "Иугонд Ирыстон"-ы ЦК сæрдарæй

Сылгоймагæн йæхицæн нæй искуы кусын, уымæн æмæ уый кæсы йæ уæззау рынчын мадмæ, кæцы ныр 15 азы не ′сты йæ уатæй. Бинонтæ иууылдæр цæрынц йæ нанайы пенсийæ, кæцыйы фылдæр хай хардз цæуы йæ хостыл.

Иринæйы бинонтæ цы дыууæ чысыл хатæны цæрынц, уым ницы хæрзвадæттæ ис, нæ фаг кæнынц хæдзарон дзауматæ. Ӕндзарынц суг — уый балхæнынæн сылгоймаг райста хæс сыхагæй.

"Хæдзары уавæр æмæ бинонты проблемæтæ базонгæйы фæстæ, Тадтаты Алан банысан кодта, хæдзары кæй хъæуы раивын фæздæгдзон трубæтæ æмæ дзырд радта, баххуыс кæнын ацы хъуыддаджы", — банысан кодтой парламенты пресс-службæйы.

Уымæй дарддæр ма рабæрæг ис, бинонтæ кæй нæ лæууынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон ифтонгады министрады хыгъдыл. Тадтаты Алан ныфс бавæрдта уавæр рафæлгъауын, æмæ фехъусын кæнын районон социалон службæтæн, кæцытæ æххуыс кæнынц æххуысхъуаг бинонтæн продукттæй.

Спикер æмæ УУМ-ы сæргълæууæг бинонтæн бакодтой материалон æххуыс дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0