Хуссар Иры фæбæрæг сты 2017 азы хуыздæр журналисттæ

© Sputnik / Плиты Фатимæ Газеттæ
Газеттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Газет "Республика" æрвылаз дæр экспертон бафарсты руаджы рабæрæг кæны националон дзыллон информацийы фæрæзты хуыздæр кусджыты

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæбæрæг сты 2017 азы хуыздæр журналистты нæмттæ авд номинацийы. Газет "Республика" скодта хатдзæгтæ æрвылазон экспертон бафарстæн ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Газет "Республика" экспертон бафарсты руаджы рабæрæг кæны националон дзыллон информацийы фæрæзты хуыздæр кусджыты. Хатдзæгтæ арæзт æрцыдысты националон дзыллон информацийы къухдариуæггæнджытæ, сæйраг редактортæ æмæ журналистикæйы фадыджы бæрнон кусджыты хъуыдыйыл æнцойгæнгæйæ.

Газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахад æххуыс кæндзæн ирон æвзагыл дзурæг ДИФ-тæн

Хуыздæр журналистты равзарынц цалдæр номинацийы — культурæ æмæ спорты фадыджы, хуыздæр политикон афæлгæсæг, иууыл арæхстджындæр уацхæссæг интервью исынæй, перспективон журналист æмæ афтæ дарддæр.

Ныр цалдæр азы дæргъы хуыздæр дзыллон информацион фæрæзыл нымад æрцæуы бафарсты фысым — газет "Республика". Дыккаг бынатмæ рахызт ацы аз газет "Южная Осетия", æртыккаг позици фаронау у ИА "Рес"-ы. ПТРК "Ир" ацы аз æртæ хуыздæры бынатæй фæфæстæ ис.

2017 азы хуыздæр журналистыл банымадтой газет "Республика"-йы кусæг Хъуылымбеты Роберты, уый æрвылаз дæр ис хуыздæрты нымæцы. Ацы аз ма уый фыццаг позицийыл ис культурæйы фадыджы дæр. Дыккаг позицийыл ис газет "Республика"-йы кусæг Джиоты Л., æртыккаг бынатыл та эксперттæ сæвæрдтой ИА "Рес"-ы хистæр Уазæгты Юрийы.

Фылдæр бæрцæй æрвылазон бафарсты нæмттæ нæ ивынц, азæй-азмæ ивынц сæ бынæттæ. Бафарсты фæзынд ног нæмттæ дæр – афтæ интервьюйы фадыджы æртыккаг позицийыл фыццаг хатт фæзынд газет "Республика"-йы кусæг Козаты Рена, перспективонты нымæцы ма фæзындысты газет "Южная Осетия" Биазырты Мæдинæ æмæ  ИА "Рес"-ы уацхæссæг Хуыбиаты Зæринæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0