ЦХИНВАЛ, 30 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Медойты Дмитрий хайад райста зонгæгæнæн балцы сакъадах Науруйы централон хаймæ, цы ран къахынц сæйраг стратегион æрмæг – бокситтæ, хъусын кæны дипломатон уагдоны прес-службæ.
Республикæ Науруйы хæдбардзинадыл 50 азы сæххæсты цытæн официалон мадзæлтты фæлгæтты ма уагъд æрцæудзæн этнографион хъæуы æрбайгом горæт Ярены. Ам æвдыст сты æрмæст Науруйы нæ, фæлæ Фиджи, Тувалу, Гуама æмæ Микронезийы традицион агъуыстытæ, кусæнгæрзтæ, цардуагон æрмæджытæ.
Презентаци æрбакодта Науруйы президент Барон Вака – уый æрбахуыдта бæрзонд уазджыты, цæмæй базонгæ уой Океанийы сакъадахон цæрджыты националон культурæимæ.
Мадзалы кæрон уагъд æрцыд концерт националон кафты коллективты, афтæ ма республикæ Тайванæй акробатты къорды хайадистæй.
Медойты Дмитрийы визит Наурумæ адарддæр уыдзæн 4 февралы онг.
Республикæ Науру – паддзахад Науруйы сакъадахыл, Сабыр фурды хуссар-ныгуылæйнаг хайы. 2009 азы Науру банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уæд ма бæстæтæ бафыстой документтæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй.