Хуссар Иры президент ацæудзæн Сочимæ Гасситы Мурæт æмæ Дортикосы тохмæ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент æмæ Гасситы Мурæт
Хуссар Иры президент æмæ Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйæ Сочимæ ацæудзæн фарсхæцджыты стыр къорд, уыдон нымæцы уыдзæн президент Бибылты Анатолий дæр

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий абалц уыдзæн Сочимæ ирон боксер Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы тохмæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Гассиев Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Интернеты апарахат Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы цæстæнгасты дуэлы видео

Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тох ацæудзæн 3 февралы. Тохы уæлахиздзау рахиздзæн боксерон суперсерийы финалмæ æмæ стох кæндзæн абсолютон чемпионы титулы тыххæй.

Бибылты Анатолий фембæлд фарсхæцджытимæ, кæцытæ ацæудзысты Сочимæ се ′мзæххоны тохмæ.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, "тохмæ æрбацæудзысты не 'мзæххонтæй минтæ, цæмæй балæууой Мурæты фарс".

"Ӕз дæр уым уыдзæн. Мах зæрдæтæ уыдзысты нæ чемпионы фарс æмæ ныфс æвæрын æрмæстдæр уæлахизæй", — бафтыдта Бибылты Анатолий.

Фарсхæцджыты балц сорганизаци кодта фæсивæдон организаци "Иугонд Алани" президенты æххуысæй.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ фендзысты Гасситы Мурæты тох

Организацийы сæргълæууæг Коцты Михаил фехъусын кодта президентæн, Сочимæ кæй ацæудзысты спортсментæ, горæты æмæ районты скъолаты ахуырдзаутæ, скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ, афтæ ма фæсивæдон организациты активисттæ.

"Дыууæ бон ма баззад нæ балцмæ. Ныридæгæн мах бацæттæ кодтам нæ националон атрибутикæ", — загъта Михаил.

Фарон октябры Гасситы Мурæт WBSS-ы ¼ хайы рамбылдта WBC æмæ IBF экс-чемпион Кшиштоф Влодарчикы. Дортикос та турниры аналогон æмвæзадыл сентябры арвыста нокауты уæрæсейаг Денис Кудряшовы.

24-аздзыд Гасситы Мурæты активы ис 25 уæлахизы фæд-фæдыл профессионалон рингыл (уыдонæй 18 – нокаутæй). 31-аздзыд Дортикосы хыгъдыл та 22 уæлахизы 22 тохы (уыдонæй 21 – нокаутæй).

Ног хабӕртты лентӕ
0