ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæгæй снысан кодта Бæззаты Геннадийы. Горæты раздæры мэр Гæззаты Роберт сæрибаргонд æрцыд йæ бынатæй, загътой паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæйы.
Ведомствæйы банысан кодтой, Бибылты Анатолий дыууæ указы дæр кæй бафыста Къуайсайы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.
"Фыццаг фембæлд уадзын ам, Къуайсайы, уымæн æмæ нын фаронæй баззад æнæбалхынцъгонд хъуыддаг. 2017 азы сымах хъæлæс кодтат горæты ног сæргълæууæгæн. Мах базонгæ стæм уæ цæстæнгасимæ. Сымах загътат уæ хъуыды, æмæ ныр æз хæсджын дæн горæты ног мэры снысан кæнын", — загъта президент.
Бибылты Анатолий загъта бузныг Гæззаты Робертæн йæ куысты тыххæй æмæ загъта, "уый дæр кæй кусдзæн паддзахадон структурæты æндæр бынаты".

