Хуссар Ирыстон æмæ Науру бакодтой æнæвизæйон режим

© МИД РЮОХуссар Ирыстон æмæ Науру бакодтой æнæвизæйон режим
Хуссар Ирыстон æмæ Науру бакодтой æнæвизæйон режим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Науруйы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Науруйы æхсæн æхсæнпаддзахадон документтæ бафыссыны официалон церемони

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ Науруйы президент Барон Дивавеси Вака бафыстой бадзырд дыууæ бæстæты æхсæн æнæвизæйон режим бакæныны тыххæй. 

"Сразыдзинадмæ гæсгæ, иу паддзахады æмбæстæгтæн фæзынд фадат рацу-бацу кæнын, транзитæй цæуын æмæ паддзахæдты территорийыл уæвын æнæ визæйæ 90 боны алы æрдæг азы дæр, фыццаг бацыды датæйæ", — хъусын кæны ФХМ пресс-службæ.

Наурумæ официалон визиты фæлгæтты ма бафыст æрцыд дыууæ бæстæты æхсæн меморандум æхсæнадæмон хъуыддæгты æмархайд æмæ æмгуыстады фарстыты фæдыл.

Медойты Дмитрий фембæлд Микронезийы президентимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий фембæлд Микронезийы президентимæ

Меморандум бæлвырд кæны дыууæ республикæты æмархайды формат æхсæнадæмон хъуыддæгты, Науруйы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны интересты размæцыдæн ахъаз кæнын Иугонд Нациты организацийы, æхсæнадæмон æмæ регионалон организациты, афтæ ма æндæр æхсæнадæмон фæзуæттыл, кæцыты уæнг у Науру.

Церемонийы кæрон Медойты Дмитрий æмæ Барон Вака сæ уынаффæты бæрзонд аргъ скодтой бафыстгонд документты нысаниуæг æмæ банысан кодтой, уыдон кæй суыдзысты барадон бындур дыууæварсон ахастытæн æмæ фæуæрæхдæр кæндзысты фарсыты фадæттæ æхсæнадæмон аренæйыл æмархайдæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0