Хуссар Ирыстоны журналисттæ æрдзырдтой сæ бартыл

© Sputnik / Плиты ФатимаТымбыл фынг
Тымбыл фынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæ тымбыл фынгыл æрхастой дæнцæгтæ, зæгъæм, тæрхондоны гом рабадтæм сæ куыннæ бауадзынц, ахæм цаутæй

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Цхинвалы ацыд тымбыл фынг "Доступ к информации как открытость власти, в том числе и судебной". Уынаффæ цыд, журналисттæ информаци райсыны рæстæджы цы цæлхдуртыл æмбæлынц, уыдон фæдыл. Тымбыл фынджы хайадисæг журналисттæ хастой дæнцæгтæ, тæрхондоны залмæ гом æркасттæм кæй нæ бауадзынц дзыллон информацийы фæрæзты (ДИФ) минæвæртты.

Газеттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæбæрæг сты 2017 азы хуыздæр журналисттæ

Мадзал сарæзта æнæхицауадон организаци "Журналисты за права человека". Райдайæны равдыстой чысыл документалон киноныв, цы ран ДИФ минæвæрттæ æрдзырдтой сæ бартыл æмæ сæ куысты цы проблемæтыл æмæблынц, уыдæттыл.

Ахæм цаутæ схуыдтой фæстаг рæстæджы резонансон хъуыддæгты —  бастдзинады комитеты раздæры сæрдар Къæбысты Георгий æмæ ленингойраг æхæсæнадон архайæг Тамара Меаракишвилийы тæрхондонон æркастытæм.

Парламенты депутат Дьяконты Амираны ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл аккредитаци цы журналисттæн ис, уыдонæн бар ис æмæ цæуой тæрхондоны гом рабадтытæм.

"Законы домæнмæ гæсгæ, аккредитацигонд журналисттæн бар ис гом тæрхондоны рабадтытæм цæуын. Ис сын бар аудиофыст дæр саразын, фæлæ развæлгъау уый хъуамæ фехъусын кæнай тæрхонгæнæгæн. Кæд æмæ ацы бартæ журналисттæн цæуынц хæлд, уæд хъуамæ хъаст кæной æмбæлон инстанцитæм", — загъта парламентарий.

Уынаффæты рæстæджыты фæазым кодтой журналисттæн сæхи дæр, зæгъгæ, уыдон æмбæлон уагыл нæ зонынц сæ бартæ дæр æмæ не сты рæвдз уыдон сæрыл тох кæнынмæ. Кæд республикæйы ис Журналистты цæдис,уæддæр, æрæмбырдуæвджыты хъуыдымæ гæсгæ, йæ куыст ахадгæ нæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0