ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон нывæнды бафыссын экономикон æмгуыстады фæдыл сразыдзинад Луганскаг адæмон республикæимæ (ЛАР), хъусын кæны ЛАР-ы сæргълæууæджы пресс-службæ.
РХИ- ы делегацийы сконды сты Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадий, йæ хæдивæг Козаты Роин, афтæ ма республикæйы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы минæвар Козаты Рамин.
"Нæ визит ардæм у, нæ паддзахады уæлдæр къухдариуæгад цы политикæ уадзы, уый фæстиуæг æмæ ноджы дæр у æвдисæн нæ æнæаивгæ курсæн Луганскаг адæмон республикæимæ æмгуыстады фæдыл. Ӕндæр алгоритм махæн нæй нæдæр политикон, нæдæр адæймагон бындуртæм гæсгæ", — загъта Кокойты Геннадий.
ЛАР-ы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечник загъта бузныг Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæмæн республикæйы банымады тыххæй.
"Ӕнæдызæрдыг дæн, ацы сразыдзинад уд кæй бауадздзæн æрмæст дыууæ бæстæты экономикæйы нæ, фæлæ æндæр къабæзты дæр", — банысан кодта уый.
Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.