ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Цхинвайлаг рæстмæгæнæн колонийы фæуæрæхдæр кæндзысты тезгъогæнæн зонæтæ, сараздзысты ног хæрæндон æмæ сцалцæг кæндзысты камерæтæ. Пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы юстицийы министрады сæргълæууæг Лалыты Зæлинæ куыд радзырдта, афтæмæй колонийы цалцæгæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодтой президентон фондæй.
Фарон сæрд ахæстытæ расидтысты нæхæрын ахæстоны æвзæр уавæрты тыххæй.
Лалыты Зæлинæ ма радзыдта, цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæй æрцæудзысты æппæт нормативон домæнтæм гæсгæ, афтæ ма цалцæджы фæстæ, æндæр æмæ æндæр режимтæм гæсгæ æфхæрды æмгъуыд чи хæссы, уыцы ахæстытæ æрцæудзысты дих.
"Тæрхон зын вæййы æххæст кæнын, уымæн æмæ карз æмæ сæрмагонд режимы ахæстытæ бадынц иумæ, уый та у æнæрайсинаг рæстмæгæнæн кодексмæ гæсгæ. Цалцæггæнæн куыстыты фæстæ æфхæрды режимтæ æрцæудзысты дих. Фæзындзæн ма дыууæ тезгъогæнæн зонæйы, цæмæй æндæр æмæ æндæр режимты ахæстытæ кæрæдзиуыл ма æмбæлой", — загъта юстицийы министр.
Уый радзырдта, рæстмæгæнæн колонийы бæстыхайыл кæй цæуы 80 азы æмæ нырма иу хатт дæр нæ уыд цалцæг. Фæуæрæхдæр кæндзысты рудзгуытæ, уымæй дарддæр ма сæм бауаддзысты хъарм дон.
Колонийы фыццаг уæладзыг ныридæгæн у цалцæг. Аннæ камерæты цалцæджы рæстæджы ахæстыты ракæндзысты фыццаг уæладзыгмæ.
Колонийы территорийыл цы рагон бæстыхай ис, уый та рацараздзысты хæрæндонмæ, цæмæй ахæстытæ хæрдæй ифтонг цæуой мидæггагон уагæвæрды домæнтæм гæсгæ.
Ныртæккæ рæстмæгæнæн колонийы 15 ахæсты æфхæрды æмгъуыд хæссынц карз режиммæ гæсгæ æмæ 13 ахæсты та – иумæйаг режиммæ гæсгæ.
Лалыты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг ахæстæттæй æрбацыд цыппар курдиаты не ′мзæххонтæй, кæцытæ се ′фхæрд хæссынц республикæйæн æддейæ, цæмæй сæ ракæной цхинвайлаг колонимæ. Уыцы куырдиæттæ иууылдæр нырма сты УФ-йы юстицийы министрады.