Хуссар Иры ахуыргæндтæ æнхъарынц сæнусон кæнын Гаглойты Рутены ном

© Sputnik / Плиты Фатима Гаглойты Рутены 130 азы юбилей
Гаглойты Рутены 130 азы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЗИИ кусджытæ хатынц Ручъы тоннельмæ хæстæг сæвæрын номдзыд лæгæн цырт, йæ раздæры хæдзарыл бакæнын мемориалон фæйнæг æмæ ХИПУ-йы сфидар кæнын йæ номыл стипендитӕ

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Цхинвалы банысан кодтой ӕхсæнадон архайæг, Ручъы тоннелы проекты автор Гаглойты Рутены 130 азы юбилей зонадон конференцийæ, ахуыргæндтæ æрдзырдтой номдзыд инженеры цардвæндагыл æмæ æрсидтысты сæнусон кæнын зындгонд æхсæнадон архайæджы ном.

Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутены æхгæд музей

Гаглойты Рутены райгуырдыл 130 азы сæххæстæн нывонд зонадон-практикон конференцимæ æрбацыдыты интеллигенцийы минæвæрттæ, Рутены фæдонтæ æмæ республикæйы разамынад.

Зонадон-иртасæн институты кусджытæ Бигъуылаты Ирина æмæ Джиоты Мурæт æрдзырдтой зындгонд гоймаджы цардвæндаг æмæ сгуыхтдзинæдтыл, се ʻхсæн йæ архайд Ручъы тоннелы арæзтады, Хуссар Ирыстоны картæ саразыны, Цхинвалмæ дон æруадзыныл хъуыддаджы, Чъехы нарæджы фæндаг скæнын æмæ бирæ æндæр ахадгæйæ æхсæнадон куыст. Джиоты Мурæты ныхæстæм гæсгæ, Гаглойты Рутеныл стыр æндæвдад радтой йӕ бинонтӕ. Йæ хæстæджыты ʻхсæн уыдысты рухстауæг Джиоты Пора, литературон критик Тыбылты Александр æмæ æндæртæ.

© Sputnik / Плиты Фатима Гаглойты Рутены 130 азы юбилей
Гаглойты Рутены 130 азы юбилей  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутены 130 азы юбилей

"Бæлас хорз рæзы, йæ уидаг фидар куы вæййы, уæд. Афтæ уыд Рутены хъысмæт дæр. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, Ирæтты уынгыл цард æмæ йын уым æмбæлы сæвæрын мемориалон фæйнæг", — загъта ахуыргонд.

Зонадон-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт та бахатыд Рутенæн цырт сæвæрыныл бацархайынмæ.

"Хъуамæ бацархайæм æмæ æрсидæм Гаглойты æрвадæлтæм, мыггагмæ, цæмæй самал кæнæм фæрæзтæ æмæ Ручъы тоннельмæ хæстæг сæвæрын кæнæм Рутенæн цырт, фæлæ нын æнæ хицуады æххуысæй фæзын уыдзæн. Стæй йæ музей дæр хъæуы скусын кæнын", — загъта Гаглойты Роберт.

Гаглойты Рутены лæппуйы чызг Гаглойты Бэла бузныг загъта бинонты номæй æрæмбырдуæвджытæн æмæ бахатыд йæ дадайы номыл ХИПУ-йы бакæнын стипендитæ.

© Sputnik / Плиты Фатима Гаглойты Рутены 130 азы юбилей
Гаглойты Рутены 130 азы юбилей  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутены 130 азы юбилей

Конференцийы кæрон ныхасы рацыд президент Бибылты Анатолий. Уый бузныг загъта цымыдисон раныхасты тыххæй æмæ баныфсæвæрдта, кæй бацархайдзæн Рутены ном сæнусон кæныныл.

"Мемориалон фæйнæг хъуамæ йæ юбилеймæ æрцыдаид конд, нырмæ кæд нæ бантыст, уæд æй хъæуы саразын. Бацархайдзыстæм, цæмæй аннæ æнхъæрæнтæм дæр хъусдард аздахой æмæ, гæнæн уæвгæйæ, скъуыддзаг æрцæуой", — банысан кодта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0