Марат Кулахметов: хонын алы уæрæсейаг æмбæстаджы дæр æвзарæн фадгуытæм

© Sputnik / Наталья АйриянМарат Кулахметов
Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны куыд ацæуыдзысты, кæм æмæ цал æвзарæн фадыджы æрбайгом уыдзæн æмæ ма ноджы æндæр цымыдисон информацийы тыххæй æвзарæгæн радзырдта уæрæсейаг дипломатон миссийы сæргълæууæг Цхинвалы Марат Кулахметов

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Уæрæсейы минæварады Хуссар Ирыстоны æввахс бонты бафысдзысты уынаффæ фадыгон æвзарæн къамистæ саразыны фæдыл æмæ нысангонд æрцæудзысты сæ сæргълæуджытæ. Уым архайдзысты Уæрæсейаг Федерацийы æмбæстæгтæй 130-мæ æввахс, кæцытæ сты командировкæйы Хуссар Ирыстоны територийыл, загъта Sputnik йæ интервьюйы УФ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ уыдзысты 18 марты, уыдоны хайад райсдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай, кæцытæн ис уæрæсейаг æмбæстаг.

"Нæ паддзахады сæргълæууæджы æвзæрстытæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл куысты, минæварад архайы 2017 азы 18 декабры УФ ЦӔК цы мадзæлтты къæлиндарон нывæзт сфидар кодта, уымæ гæсгæ. Уый фæлгæтты, 19 январы æз бафыстон барамынд "Президенты æвзæрстыты фæдыл республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æвзарæн фадгуытæ саразыны" тыххæй", — загъта Кулахметов.

Минæвар банысан кодта, Хуссар Ирыстоны фарсы разыдзинадмæ гæсгæ, æдæппæт республикæйы кæй бакæндзысты 13 æвзарæн фадыджы.

Хуссар Ир, хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ-йы президенты æвзæрстытыл Хуссар Иры бакусдзæн сæрмагонд къорд

Уыдонæй дыууæ – 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæн, аннæтæ та – Дзауы, Знауыры, Цхинвалы æмæ Ленингоры районты, афтæ ма горæт Къуайсайы.

"Хуссар Ирыстоны столицæ – Цхинвалы мах хонæм æвзарджыты æхсæз æвзарæн фадыгмæ: Уæрæсейы минæварады бæстыхайы (Цоцийы фырты уынг, 2), 1-æм скъолайы (Мæскуыйаг мкрн, Медведевы уынг, 2), 6-æм скъоламæ (Джиоты Аланы проспект, 4), Профцæдисты бæстыхайы (Фидауынгæнджыты уынг, 1), 5-æм скъолайы (Джиоты Аланы проспект, 122) æмæ биропрофилон колледжы бæстыхайы (Герцены уынг,1). Фадгуытæ горæты афтæ æвæрд сты, цæмæй æвзарджытæн уа æнцон сæ цæрæн бынатæй бацæуын", — радзырдта уый.

Бæлвырддæр информаци райсæн ис минæварады, Россотрудничество æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейаг æмзæххонты координацион советы сайттыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0