Цхинвайлаг активист волонтерты æмбырды тыххæй: райстам егъау фæлтæрддзинад

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Михаил
Коцты Михаил - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иугонд Аланийы" уæнгтæ райстой хайад ЦКФЗ-ы волонтерты фыццаг æмбырд "Кавказы барвæнд"-ы. "Иугонд Аланийы" лидер Коцты Михаил радзырдта райсгæ фæлтæрддзинады тыххæй æмæ загъта йæ хъуыдытæ Хуссар Ирыстоны волонтерон змæлды размæцыды фæдыл

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Гæбæраты Ян. Цæгат Кавказы волонтерон организациты фыццаг æмбырд ацыд Дзæуджыхъæуы æмæ æрæмбырд кодта 1,5 мин хайадисæджы. Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артуры фæхуындмæ гæсгæ, форуммæ æрцыд Хуссар Ирыстоны делегаци фæсивæдон организаци "Иугонд Аланийы" лидер Коцты Михаилы сæргълæудæй.

"Ӕртын адæймагæй фылдæр райстой хайад форумы Хуссар Ирыстонæй: горæты æмæ районон скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ фæсивæдон змæлдты уæнгтæ"¸ — загъта Коцты Михаил.

"Форум æрбайгом кодта Цæгат Ирыстоны президент Битарты Вячеслав. Уый æрсидт архайджытæм арфæйы ныхасимæ æмæ бæрзонд аргъ сарæзта ЦКФЗ-ы фæсивæдон организациты архæйдтытæн. Сæрмагондæй форумы æрбайгоммæ æрбацыдысты æхсæнадон архайджытæ, хицауад æмæ культурæйы минæвæрттæ.

Фæсивæдон политикæйы программæ Цхинвалы райст æрцæудзæн цыппар азмæ

"Боны фæтк уыд тынг хъæзныг: алыгъуызон квесттæ, конференцитæ æмæ раныхæстæ ахæм актуалон темæтыл, куыд адæймаджы барты хъахъхъæд æмæ æрдз бахъахъхъæнын", — загъта Коцты Михаил.

Дыууæ хайадисæджы Хуссар Ирыстонæй райстой хорзæхтæ. Делегацийы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй ЦКФЗ-ы волонтерты форумтæ ссисты хорз традици æмæ организаци нывæнды ахæм мадзал Хуссар Ирыстоны дæр ауадзын.

"Мах райстам хъæзныг фæлтæрддзинад, кæцыйæ спайда кæндзыстæм волонтерон змæлды размæцыдæн нæ бæстæйы", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0