Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой бынæтты аст тæрхонгæнæджы

© Sputnik / Алексей КовалевУæлдæр тæрхондон
Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ сразы сты, президент Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны цы тæрхонгæнджыты кандидатурæтæ æрбавдыста, уыдонимæ иууылдæр

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта Уæлдæр тæрхондоны аст тæрхонгæнæджы. Кандидатурæты раздæр æрбавдыста президент Бибылты Анатолий æмæ сæ хорзыл банымадта Тæрхонгæнджыты квалификацион коллеги.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты президиум хорзыл банымадта РХИ Уæлдæр тæрхондоны фæдыл закон

Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджытæ ссисты Бязырты Лариса, Гæджиты Нана, Джиголаты Альберт, Тъехты Дмитрий, Мæргъиты Ирина, Цхуырбаты Карина, Хацырты Виолета æмæ Джиоты Зæринæ.

Фæстаг дыууæйæ дарддæр, иннæтæ иууылдæр уыдысты Уæлдæр тæрхондоны архайгæ тæрхонгæнджытæ.

УТ-ы сæргълæууæг Коцты Олеся загъта бузныг депутаттæн "равдисгæ иузæрдиондзинады" тыххæй.

Парламенты спикер Гасситы Петр банысан кодта, тæрхондонон органты раз кæй ис вазыгджын хæслæвæрд – ног цæстæнгас саразын Хуссар Ирыстоны тæрхондæтты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ ацы хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0