Хуссар Иры депутаттæ ссæрибар кодтой сæ бынæттæй æртæ тæрхонгæнæджы

© Пресс-служба ВС РЮО Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон
Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæхонгæнджыты сæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй уынаффæ депутаттæм барвыста Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ ссæрибар кодтой сæ бынатæй æртæ тæрхонгæнæджы, се 'ххæстбарты æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй.

Уый размæ президент Бибылты Анатолий барвыста парламентмæ æмбæлон уынаффæ.

Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой бынæтты аст тæрхонгæнæджы

Тæрхондонон æххæстбартæ фесæфтой уæлдæр арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнæг Хъуылымбегты Азау, Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Виталий æмæ Ленингойраг районон тæрхондоны тæрхонгæнæг Болататы Георгий.

Депутат Чилæхсаты Владимир бацымыдис кодта, сæ бынæттæй ист чи æрцыд, уыцы тæрхонгæнджытæ фидæны кæм кусдзысты, уымæ.

Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Коцты Олеся, кæцы иста хайад парламенты рабадты куысты, радта раздæры коллегæмæ аналогон фарст – кæм кусдзæн Чилæхсаты Владимир йæхæдæг, парламенты йæ æххæстбарты æмгъуыд куы фæуа, уæд.

"Уыдон сты æвзæрстон бынæттæ æмæ ничи ратдзæн гаранти, дæ æххæстбарты æмгъуыд фæуыны фæстæ, ногæй æвзæрст кæй æрцæудзынæ ацы бынатмæ", — загъта Коцты Олеся.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты тæрхонгæнджыты ссæрибар кæныны фарстимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0