Хуссар Ир рæстæгмæ пайда кæндзæн Уæрæсейы УУМ-ы санитарон вертолетæй

© Sputnik / Игорь Агеенко /  Ахизын медиабанкмæВертолет
Вертолет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иу азмæ Хуссар Ирыстонæн æлхæд æрцæудзæн вертолет медицинон модулимæ, ныридæгæн уагъд цæуынц бадзырдтæ Уæрæсейы тæхæн скъолаимæ

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон февралы кæрæттæм сараздзысты нывæзт республикæ санитарон авиацийæ сифтонг кæныны фæдыл. Уый тыххæй бадзырд бантыст саразын хуссарирыстойнаг УУМ-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан æмæ Уæрæсейы УУМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Олег Баженовы фембæлды рæстæджы, фехъусын кодтой республикæйы УУМ-ы пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстонæн уæлвæткон уавæрты рæстæгæн дыууæ вертолет рахицæн кæныны фарстыл уынаффæ цыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ – Владимир Путин æмæ Бибылты Анатолийы фембæлды фарон ноябры.

"Уæрæсейаг коллегæтимæ мах сараздзыстæм нывæзт. Ӕрцæудзысты нæм специалисттæ Уæрæсейы УУМ-æй, иумæ равзардзыстæм бынат фæзуатæн, сбæлвырд кæндзыстæм, цы навигацион ифтонггарз хъæуы, цы бæстыхæйттæ аразын хъæуы æмæ æндæр фарстытыл", — хъусын кæны Тадтаты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Абоны бон уал, хуссарирыстойнаг УУМ-ы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, дзырд цæуы иу вертолетыл, уымæн æмæ республикон бюджетæн нырма йæ бон нæу дыууæ вертолет дарын.

УФ-йы президент В.Путин æмæ РХИ президент Бибылты Анатолийы фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий радзырдта Путинимæ бадзырдты тыххæй медицинæйы къабазы

Уæрæсейы УУМ-ы къухдариуæгадимæ фембæлды рæстæджы документмæ хаст æрцыдысты цалдæр барастгæнинаджы, фарсытæ бадзырдтой, Хуссар Ирыстон йæхимæ кæй райсдзæн вертолетон фæзуатæн æппæт инфрастуктурæйы арæзтад.

"Уый хъуамæ тынг æввахс арæзт æрцæуа сæйраг медицинон уагдонмæ – республикон рынчындонмæ. Ныртæккæ куыст цæуы бынат сбæлвырд кæныны фарстыл, кæцымæ хъуамæ уа сæрибар бацæуæн цыфæнды хуызы транспортæн дæр цыфæнды боныгъæды дæр", — загъта Тадтаты Алан.

Министр банысан кодта, иу азмæ Хуссар Ирыстонæн æлхæд кæй æрцæудзæн вертолет медицинон модулимæ, ныридæгæн уагъд цæуынц бадзырдтæ Уæрæсейы тæхæн скъолаимæ, кæцы цæттæ у æрцæуын Цхинвалмæ службæ кæнынмæ æмæ вертолеттæм кæсынмæ.

Цалынмæ Хуссар Ирыстон йæхи вертолет нæ райса, уæдмæ уал фарсытæ бадзырдтой, Уæрæсейы УУМ-ы иу вертолет уал кæй æрбынат кæндзæн горæт Беслæны (Цæгат Ирыстон) тæхæг сконд æмæ техникон персоналимæ.

"Авиаци бахъуыды рæстæджы Хуссар Ирыстоны УУМ курдиат æрвитдзæн Уæрæсейы УУМ-мæ, цæмæй бирæ радæлæ-бауæлæ ма уа. Дыууæ ведомствæ скъуыддзаг кæндзысты авиацийæ спайда кæнынæй æнæмæнгхъæуындзинады фарст критикон уавæрты", — бамбарын кодта Тадтаты Алан.

Уый бафтыдта, санитарон авиацийы сæйраг хæслæвæрд кæй у экстренон рынчынты горæт Беслæны медицинон центрмæ фæхæццæ кæнын.

Уый ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстонæн сæрмагонд вертолет рахицæн кæныны фарст аскъуыддзаг кæнынæн бирæ рæстæг кæй нæ бахъæудзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0