Хуссарирыстойнаг журналист хайад исы æхсæнадæмон форумы Тель-Авивы

© Sputnik / Залина ЦховребоваКонференция СМИ в Тель-Авиве
Конференция СМИ в Тель-Авиве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ӔИА "Южная Осетия"-йы сæйраг редактор Цхуырбаты Зæлинæ радзырдта, куыд цæуы уырыссаг æвзагыл ДИФ –ты æхсæнадæмон форум Израилы

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Уырыссаг прессæйы æппæтдунейон ассоциацийы советы конференци "Русские медиа: пространство, тенденции, перспективы"-йы Тель-Авивы æрæмбырд сты уырыссаг æвзæгтыл цæуæг дзыллон информацийы фæрæзты (ДИФ) минæвæрттæ Европæ, Америкæ æмæ Азийæ. Форумы дзырд цыд уырыссаг æвзагыл дунейон медиаты тенденциты æмæ сæ райрæзты перспективæйыл. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта ӔИА "Южная Осетия"-йы сæйраг редактор Цхуырбаты Зæлинæ, кæцы форумы архайы Хуссар Ирыстоны номæй.

"Фыццаг рады, æз архайын Хуссар Ирыстоны номæй, куыд бæстæ, кæцыйы уырыссаг æвзагыл ДИФ-тæ кусынц æмæ размæ цæуынц. Мæн фæнды радзурын, куыд цæрæм хъаугъайы уавæрты. Ацы аз æххæст кæны дæс азы августы цаутыл æмæ сæ фæстиуджытæ нырма дæр сты дунейон ДИФ-ты хъусдарды бын", — загъта уый.

Цхуырбаты Зæлинæ ма банысан кодта, 2008 азы хæст Хуссар Ирыстоны кæй ссис индикатор дунейы æппæт дзыллон информацийы фæрæзтæн – конкретон журналистты намысы, объективондзинады æмæ æнæхъулондзинады фæдыл фæлварæн.

Газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахад æххуыс кæндзæн ирон æвзагыл дзурæг ДИФ-тæн

"Ӕз констатаци кæнын факт, хæдбар ныгуылæйнаг ДИФ-тæ ацы фæлварæн кæй нæ радтой. Ис дзурæн ууыл, хæдбар медиа-фæрæзтæ бирæ размæцыд бæстæты кæй фестынц хицауады рупор. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, ис бынат хицæн журналистты æмæ æмбæстæгты сæрмагонд хъæппæристæн", — загъта уый.

Цхуырбаты Зæлинæ ма бафтыдта, бирæ фарстыты æмрæнхъ ма форумыл уынаффæ кæй цæудзæн Уæрæсейы президенты æвзæрстытыл дæр æмæ уыдон дунейы ДИФ-ты куыд æвдыст цæудзысты, уыдæттыл.

Уырыссаг прессæйы æппæтдунейон ассоциацийы (УПӔА) конгресс у уникалон фæзуат, кæцы дæтты фадат уырыссаг минæвæрттæн æнæхъæн дунейæ æрæмбырд уæвын тымбыл фынгыл æмæ æруынаффæ кæнын ахсджиаг проблемæтыл. УПӔА арæзт æрцыд Уырыссаг прессæйы æппæтдунейон фыццаг конгрессыл, кæцы ацыд 1999 азы 21-24 июны горæт Сочийы.

Ацы аз Тель-Авивы æрæмбырд сты 400 хайадисæгæй фылдæр 60 бæстæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0