Ирон богалтæ рамбылдтой æхсæз майданы Мæскуыйы фыццагады

© Пресс-служба минспорта Северной ОсетииИрон богалтæ рамбылдтой æхсæз майданы Мæскуыйы фыццагады
Ирон богалтæ рамбылдтой æхсæз майданы Мæскуыйы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг спортсментæ ссисты иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ цыппар бронзæ майданты хицæуттæ

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Ирон богалтæ рамбылдтой æхсæз майданы 21 азы онг юниорты æхсæн горæт Мæскуыйы фыццагады, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богалтæ бахастой сæ хайбавæрд Европæйаг нациты кубокы уæлахизмæ

70 кг уæзы категорийы финалы фембæлдысты Уалыты Чермен æмæ Наниты Мамука, уæлахиздзауæй рахызт Чермен. Бронзæйон призертæ ссисты Тыджыты Алан (61кг), Уалыты Эльбрус (65кг), Челдыты Давид æмæ Томайты Аслан (дыууæ дæр 74кг).

Турнир уыд æвзæрстон Уæрæсейы фæсивæды IV сæрдыгон спартакиадæмæ, кæцы ацæудзæн Пензæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0