Президент: Хуссар Ирыстоны Нафийæн хъуамæ уа цырт

© Sputnik / Наталья АйриянЗонадон-Иртасæн институты ацыд Нафийы æмбырдгонды презентаци
Зонадон-Иртасæн институты ацыд Нафийы æмбырдгонды презентаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон-Иртасæн институты ацыд æмбырдгонды презентаци, кæцы нывонд уыд ирон поэт æмæ ахуыргонды райгуырæн бонæн – ацы аз Нафийыл сæххæст уыдаид 93 азы

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Уалыты Диана. Зынгæ ахуыргонд Джусойты Нафийы райгуырæн бонмæ Хуссар Ирыстоны Зонадон-Иртасæн институты (ЗИИ) ацыд конференци, кæцыйы рæстæджы йæ директор Гаглойты Роберт радзырдта зынгæ ахуыргонды уацмысты æмбырдгæндты тыххæй. Уый загъта, нывæзты кæй ис рауадзын Нафийы уацмысты 20 томы.

"Ныридæгæн уал рауагътам 10 томы, кæцытæ æрцæудзысты дих республикæйы районты æхсæн, æдæппæт уыдзысты 20 – уый у иууыл къаддæр, нæ бон цы у саразын Нафийæн. Ӕз стыр бузныг зæгъын, чидæриддæр куыста ацы хъæппæрисы реализацийыл, уыдонæн", — загъта уый.

Нафийы сфæлдыстад æмæ уацмысты æмбырдгонды фæдыл раныхас кодта Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон. Уый банысан кодта, Нафи кæй у иунæг фыссæг Ирыстоны, кæцыйы куыстытæ рацыдысты 10 томæй.

"Ахæм курдиатджын адæмы нæ хъæуы рох кæнын æмæ сын хъæуы аргъ кæнын сæ куыстытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй алыхатдæр амондджынæй цæрат ахæм адæмы æхсæн", — загъта уый.

© Sputnik / Наталья АйриянЗонадон-Иртасæн институты ацыд Нафийы æмбырдгонды презентаци
Презентация десятитомника Нафи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зонадон-Иртасæн институты ацыд Нафийы æмбырдгонды презентаци

Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатолий загъта бузныг докладгæнджытæн æмæ банысан кодта, æввахс рæстæджы республикæйы æвæрд кæй æрцæудзæн цырт Нафийæн.

"Нафи суанг йæ амæлæты онг нæ ныууагъта йæ куыст, æмæ мах хъуамæ аргъ кæнæм æмæ сæрыстыр уæм, байзæддагæн цы монументалон куыстытæ ныууагъта, уыдонæй. Ныфс мæ ис, ацы аз нын кæй бантысдзæн сæвæрын цырт нæ зынгæ хистæрæн, мах ууыл зæрдиагæй кусдзыстæм", — загъта уый.

Нафийы цард æмæ сфæлдыстадыл конференцийы рæстæджы дзырдтой йе ′мгæрттæ æмæ коллегæтæ. Уыдонæй алчидæр банысан кодта, йæ ацыд кæй уыд стыр зиан æппæт ирон адæмæн æмæ дзырдтой, куыд ахсджиаг у, цæмæй йæ ном æнустæм макуы æрцæуа рох.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нафи - куыд ӕй бахъуыды кодтам, афтӕмӕй

Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Ногхъæуы зæхкусæджы бинонты хсæн. 16-аздзыдæй бацыд бархионæй сырх æфсадмæ æмæ йæ рæнхъыты уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фондз аз æнæхъæнæй.

Уый уыд поэт-академик, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты сæйраг зонадон кусæг, каст лекцитæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетты.

Нафи бахаста егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст æрцыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. Хорзæхджын у "Кады нысан"-ы орденæй. У Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Ног хабӕртты лентӕ
0