ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Горæт Къуаисайы ацы аз бакусдзысты цыппар уынджы хæрзарæзтадыл æмæ адардддæр кæндзысты цæрæн пунктмæ трассæ асфальткæнæн куыстытæ, загъта президент Бибылты Анатолий горæты администрацийы ног сæрдар Бæззаты Геннадиимæ йæ фембæлды рæстæджы.
Бæззаты Геннадий Къуаисайы мэр ссис ацы аз февралы, президент йæхæдæг бацыд горæтмæ, бафыста барамынд цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.
"Къуаисамæ мæ фæстаг балцы рæстæджы адæм хъазт кодтой фылдæр бæрцæй фæндæгты тыххæй. Бæстæйы разамынады рдæгæй барамындтæ лæвæрд æрцыд æмбæлон структурæтæн, цæмæй цыппар уынджы рцæуой хæрзарæзт", — загъта президент.
Бибылты Анатолий ма бафтыдта, Цхинвал-Къуаисайы трассæйы арæзтад дæр дарддæр кæй æрцæудзæн: нырма уал асфальт схæццæ Хъемултайы онг, фæлæ ацы аз фæндаг баххæст кæндзысты.
"Адæм хъуамæ ма рох кæной республикæйы разамынад æппæт дæр кæй аразы, цæмæй сæ цардуавæртæ фæхуыздæр уой. Хъæуы ма доныхæтæл саразын æмæ сифтонг кæнын цæрджыты донæй", — загъта бахахх кодта президент.
Мэр йæхи рдыгæй бавдыста президентмæ суагъæтæ æрæмных кæнынмæ.