Ирон богалтæ рамбылдтой æртæ майданы Цæгат Кавказы фыццагады

© Sputnik / Анна КабисоваУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты фыццаг бон Ирыстонæй спортсменты къухты бафтыд сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Цæгат Кавказы фыццагад уæгъдибар хъæбысхæстæй 21 азы онг спортсменты æхсæн райдыдта Нальчикы дыццæджы, 27 февралы, хъусын кæны 15 регион.

Ирон богалтæ рамбылдтой 8 сыгъзæрин майданы турниры Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богалтæ рамбылдтой 8 сыгъзæрин майданы турниры Мæскуыйы

Цæгат Ирыстоны командæ турниры фыццаг бон райста сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ.

97 кг онг категорийы уæлахиздзау ссис Мæргъиты Руслан, кæцы финалы фæуæлахиз Пухты Сосланыл, кæцы райста æвзист. 74 кг онг категорийы æвзист майдан фæцис Гаглойты Ростиславы, кæцы æрдæгфиналы фæхæрд Бекхан Мисрихановæн Дагестанæй.

Командон бахыгъды фыццаг бынатмæ рахызтысты дагестайнаг богалтæ, кæцытæ рамбылдтой 2 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ иу бронзæ майданы. Ерысты дыккаг бон уæлахизыл стох кæндзысты спортсментæ 61, 70, 92 æмæ 125 кг онг категориты.

Ног хабӕртты лентӕ
0