Бибылты Анатолий: къæрныхтæн Хуссар Ирыстоны нæй бынат

Рафыссын
Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæйы коллеги. Фембæлды хайад райста президент Бибылты Анатолий, кæцы раарфæ кодта прокуратурæйы кусджытæн æмæ дзы рахицæн кодта кæйдæрты

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Гæбæраты Ян. Прокуратурæйы сæйраг мисси у, цæмæй алы фыдгæнæг дæр баййафа æфхæрд, уымæн æмæ æнæныхкъуырды æнкъарæн æвзæрын кæны фыдракæнды нымæц фæфылдæр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий генералон прокуратурæйы коллегийыл, цы ран арæзт цыдысты 2017 азы бакæнгæ куыстæн фæстиуджытæ.

"Генералон прокуратурæйы куысты ахсджиагдзинадæн зын у саргъ кæнын. Уый у ахæм структурæ, кæцыйыл æмбæстæгтæ æвæрынц стыр ныфсытæ æмæ уый тыххæй сымах уæ куысты хъуамæ æнцой кæнат рæстдзинад æмæ намысы принциптыл", — загъта Бибылты Анатолий.

Ӕрæджыйы резонансон лæгмардыл дзургæйæ, президент бахахх кодта, зæгъгæ, тугисын раздахыны бафæлвæрдтæ хъуамæ цæхгæр нымæг цæуой.

Прокуратурæ, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий банысан кодта прокуратурæйы хайбавæрд Хуссар Иры рæзтмæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдтæрхонæн нырыккон æхсæнады бынат нæй æмæ уыцы хъуыддаг цы адæм саразой, уыдон та хъуамæ карзæй цæуой æфхæрд.

"Мах хъуамæ ма бауадзæм къæрныхты дунейы уидæгтæ ауадзын Хуссар Ирыстоны зæххыл. Уыдонæн нæй бынат Хуссар Ирыстоны, уыдонæн ницы иудзинад ис не ′мбарынæдтимæ кад æмæ æгъдауы фæдыл. Закон алкæмæн дæр иу у", — загъта президент.

Фембæлды кæрон Бибылты Анатолий генералон прокуратурæйы кусджытæй йæхи хуыздæр чи равдыста, уыдон схорзæхджын кодта майдантæ æмæ грамотæтæй, æмæ ведомствæйы сылгоймæгты скондæн та раарфæ кодта æрбалæугæ Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0