ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Цæгатирыстойнаг кинокомпани "Эдельвейс" сисдзæн документалон фильм Калоты Виталийы хъысмæтыл Хуссар Германийы сæрмæ трагедийы фæстæ, кæцыйы бабын сты йæ бинойнаг æмæ дыууæ хъæбулы, хъусын кæны газет "Слово" фильмы режиссер Гулуты Вячеславы информацийыл æнцойгæнгæйæ.
Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, фильм фенын кæндзæн Калоты Виталийы цард уæлдæфон фыдбылызы фæстæ, куыд цæры уый уал азы рацыды фæстæ.
"Мах фæнды саразын фильм афтæ, цæмæй ма мысæм куыд æмæ цы уыди. Мах стыр рисимæ мысæм уыцы трагикон цаутæ æмæ нæ фæнды уыдæтты иуварс ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм уыцы цаутæ, фæлæ радзурдзыстæм нырыкконыл, абон цахæм у, ууыл", — банысан кодта режиссер.
"Хъысмæты гуымсæгты" сценарийы автор у Владимир Гутнов. Фильм исдзысты ацы азы кæроны онг, равдысты датæ нырма бæрæг нæу.
Калоты Виталийы цард цы катастрофæ фæивта, уый бындурыл ныридæгæн ист æрцыдысты фильмтæ "Последствия" Арнольд Шварценеггеримæ сæйраг ролы æмæ "Непрощенный" Дмитрий Нагиевимæ.
Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ бинойнаг ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амардта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой. Уый фӕстӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ — Цӕгат Ирыстоны нысан ӕрцыд арӕзтады министры хӕдивӕгӕй.