ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Грипп æмæ æндæр респираторон низтæй сабиты бахъахъхъæныны нысанæн Хуссар Ирыстоны æрурæдтой ахуыр дыууæ скъолайы, дыууæ сабидоны та кæстæр къордты куыст, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады.
Скъолатæ æмæ сабидæтты къордтæ æрæхæгдтой хæрзиуджытæ хъахъхъæнынады къабазы хъусдарды фæдыл комитеты рекомендацимæ гæсгæ.
"Хæрзиуджытæ хъахъхъæнынады къабазы хъусдарды фæдыл комитеты басгæрсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ горæты 1-æм скъолайы фæрынчын ахуырдзауты 23,5%, Терегуаны скъолайы — 26,7 %, Цхинвалы 5-æм сабидоны фыццаг кæстæр къорды фæрынчын сабиты æмбис, æвдæм сабидоны кæстæр къоды ноджы фылдæр. Сабиты бахизыны нысанæн ацы уагдæттæ рæстæгмæ æрцыдысты æхгæд", — загътой министрады.
Уагдоны банысан кодтой, карантин кæй адарддæр уыдзæн 7 марты онг.
Карантиныл ныл цалдæр къуырийы дæргъы сты Цæгат Ирыстоны скъолатæ æмæ сабидæттæ дæр.