Цхинвайлаг боксертæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы фыццагадмæ

© Sputnik / Наталья АйриянБокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты Дженыкъаты Ричард, Ӕлборты Сослан æмæ Бестауты Аслан

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксы секцийы хъомылгæнинæгтæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады. Æрыгæдты ʻхсæн иууыл ахадгæдæр æппæтуæрæсейон ерыстæм фæндаг фæсивæд сæхицæн æрбакодтой цалдæр турниры рамбулгæйæ, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Хаситы Владислав.

Дженыкъаты Ричард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер Дженыкъаты Ричард райста балцæг Уæрæсейы фыццагадмæ

Уæрæсейы фыццагады Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты Дженыкъаты Ричард, Ӕлборты Сослан æмæ Бестауты Аслан.

"Кæстæр къорды нын Уæрæсейы фыццагадмæ афтыдысты æртæ лæппуйы, фæсивæд ныридæгæн сты цæтæгæнæн ахуырты Анапайы. 18 марты уыдон райдайдзысты тохтæ", — загъта тренер.

Хаситы Владислав ма банысан кодта, сæ аннæ хъомылгæнинаг Тыбылты Тамерлан та цæттæ кæны йæхи Кисловодскы.

"Юниорты хсæн Уæрæсейы æмбырдгоды сконды йæхи цæттæ кæны нæ тыхджындæр хъомылгæнинæгтæй иу Тыбылты Тамерлан, уый мæйы кæрон хъуамæ стох кæна æхсæнадæмон ерысты", — бафтыдта тренер.

Спортсментæ цæттæ кæнынц спорты галуан "Олимп"-ы тренертæ Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ Цоциты Эдгар.

Ног хабӕртты лентӕ
0