Президент: Татунашвилийы буар ратдзысты медицинон экспертизæйы фæстæ

© Sputnik / Наталья АйриянВстреча президента РЮО с сопредседателем Женевских дискуссий
Встреча президента РЮО с сопредседателем Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент фехъусын кодта, Татунашвилийы мард буар кæй нæ ратдзысты Гуырдзыстонæн, цалынмæ арæзт не рцæуа тæрхондонон-медицинон экспертизæ

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женеваг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы æрсидт цæмæй ма дæттой уæлдай политикон нысаниуæг Гуырдзыстонæн Арчил Татунашвилийы мард раттыны фарстæн.

Митинг в Цхинвале в память жертв геноцида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд протесты акци Татунашвилийы мард раттыны ныхмæ

Татунашвилийы 22 февралы æрцахстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ Ленингоры поселочы, сгарæн-диверсион архайд æмæ 2008 азы августы сабыр цæрджыты амарынмæ йæм зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл. Татунашвили алидзын кæй бафæлвæрдта, уый тыххæй йæ ныхмæ спайда кодтой физикон тыхæй, кæцыйы рæстæджы уый фæбырыд асиныл æмæ ныццавта йæхи. Уый фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ, цы ран дыууæ сахаты фæстæ амард.

"Ӕмбарын æй, уæ визит баст кæй нæу Татунашвилийы мæлæтимæ, фæлæ ацы фарст кæй систат, уый фæдыл зæгъдзæн, Хуссар Ирыстоны закæттæм гæсгæ, мард буар раттынæн æнæмæнгæй хъæуы ауадзын тæрхондонон-медицинон экспертизæ. Афтæ аразынц æппæт дунейы æмæ махæн нæ бон нæу æвиппайды Татунашвилийы буар раттыны фæдыл домæнтæ æххæст кæнын", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстонæн кæй хъæуы раттын фадат алцыдæр законмæ гæсгæ саразын æмæ Татунашвилийы буар æнæ документтæй лæвæрд куы æрцæуа, "уæд фыццаг сымах райдайдзыстут æфхæрын Хуссар Ирыстоны".

МПРИ Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: РХИ цæттæ у кусын, ИӔАМ-ы фембæлды къуыхцымæ æнæкæсгæйæ

"Мах уыдæттæ нæ хъæуынц. Гуырдзыстоны дæр, ахæм экспертизæ ауадзынæн хъæуы, иууыл къаддæрæй, иу мæй. Ничи дзуры, кæй йæ нæ ратдзыстæм, кæд æмæ æхсæнады иу хай ахæм позицийыл хæст у, уæддæр. Уыдон сты ахæмтæ, кæцытæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хъæбулты æрæздæхтмæ – уыдонæй сæ иуыл 16 азы дæр нæ цыд. Махмæ 150 адæймаджы нымад цæуынц æбæрæгæй фесæфæгтыл æмæ мах уымæй политикæ нæ аразæм. Мах алыхатдæр рахизæм фæзуæттæм æмæ уынаффæ кæнæм ацы фарстытыл", — банысан кодта президент.

Уый банысан кодта, ацы фарсты тыххæй æмсæрдæрттæ кæй нал сразы сты ХИПУ-ы ног бæстыхаймæ бацæуын (уый уыд визиты программæйы), æмæ дисы бахауд ахæм позицийæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0