ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг сарæзта æхсызгон лæвар горæты цæрæг сылгоймæгтæн Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Сылгоймæгтæн уыдзæн фадат ацы бон æнæаргъæй цæуын æхсæнадæмон транспортыл.
"Зынаргъ сылгоймæгтæ, уадз æмæ чысыл сюрпризтæ æмæ хорз хабæрттæ уæ царды уæт тынг бирæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!", — раарфæ кодта Дзæуджыхъæуы сылгоймæгтæн Албегаты Борис.
Муниципалон æхсæнадон транспортыл æнæаргъ цæуæггагæй дарддæр, 8 марты кæцыдæр трамвайтæ æмæ автобустыл сылгоймæгтæн æрцæттæ кæндзысты дидинджытæ дæр – уалдзæг æмæ рæсугъддзинады символ.