Хуссар Иры милицийы кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ мызд

© Sputnik / Наталья АйриянМВД
МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддæгты органты кусджытæн сæ мызд фæфылдæр уыдзæн ацы аз апрелæй

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хицауады рабадтыл фидаргонд æрцыдысты "милицийы кусджытæн уæлæмхас æхцайы фæрæзты тыххæй" №97-æм уынаффæмæ ивындзинæдтæ, хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ. Уынаффæ, сæрмагондæй, фадат дæтты министрады къухдариуæгадæн мидхъуыддæгты хайады кусджыты мыздмæ уæлæфтауæн фæфылдæр кæнын 95 %.

Хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ мызд

"Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад кусы мидведомствæйон барамындыл, кæцы ратдзæн фадат 2018 азы январæй мидхъуыддæгты органты кусджыты мыздмæ æрвылмæйон æхцайы уæлæфтауæн фæфылдæр кæнын 50-145% бæрц. Иурæстæгон æхцайы уæлæфтауæны фæфылдæр хынцгæйæ, мидхъуыддæгты органты кусæджы мызд суыдзæн 24 мин сомы, уый та æвæрццагæй бандавдзæн МХМ-ы хисæрмагонд сконды социалон уавæрыл", — загъта Наниты Игорь.

Ӕрвылмæйон æхцайы уæлæфтауæны фæфылдæр арæзт цæуы республикæйы мидхъуыддæгты органты материалон-техникон ифтонгад фæбæрзонддæр кæнынæн финанскæнынады фæдыл Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн бадзырды фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0