Автоинспекци критикæйы бын фæкодта университеты раз лæууæндон

© МВД РЮОПарковка ЮОГУ
Парковка ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон автоинспекцийы сæргълæууæг радзырдта фæндагон змæлды уагæвæрд фехалыны цауты тыххæй, кæцытæ баст сты университеты раз ног лæууæндонимæ

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Цхинвалы ацыд Паддзахадон автоинспекцийы (ПАИ) управленийы æмбырд йæ сæргълæууæг Джиоты Аланы къухдариуæгадæй, цы ран уынаффæ цыд ХИПУ-ы ног комплексы раз цы автолæууæндон ис, уый раст арæзт кæй нæу. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы мидхъуыддæгты министрад.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Университет хизы йæ ног бæстыхаймæ

Автоинспекцийы сæргълæууæг банысан кодта, комплексы территоримæ бацæуæны, дыууæ сфетофоры æхсæн, лæууæндон хъуамæ уа тобæгонд, уымæн æмæ машинæтæ аразынц аварион уавæртæ æмæ зынвадат кæнынц автотранспортон змæлд.

"Университеты ног бæстыхай куы райдыдтой аразын, уæд æмбарын кодтам проектаразджытæн, бæстыхаймæ бацæуæны раз кæй нæ хъæуы аразын лæууæндон, цæмæй хæлд ма цæуа фæндагон змæлды уагæвæрд. Машинæтæ лæуæгæйæ ницы проблемæтæ аразынц, фæлæ фæстæмæ фæндагмæ хизгæйæ уыдон халынц уагæвæрд æмæ хъыг дарынц сæйраг фæндагыл цæуæг машинæтæн", — загъта Джиоты Алан.

Ведомствæйы банысан кодтой, университеты къухдариуæгад дæр æмæ горæты администрацийы дæр зонгæ кæй сты ацы проблемæимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0