Булацаты Таймураз "Симд"-ы кафджытæ, "Алан"-ы триумф æмæ ирон аивады тыххæй

© Sputnik / Плиты ФатимаУæрæсейы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæн-Мæхъæлы сгуыхт артист, ансамбль "Алан"-ы легендарон солист Булацаты Таймураз
Уæрæсейы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæн-Мæхъæлы сгуыхт артист, ансамбль Алан-ы легендарон солист Булацаты Таймураз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль "Симд"-мæ æрхуыдтой Уæрæсейы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæн-Мæхъæлы сгуыхт артист, ансамбль "Алан"-ы легендарон солист Булацаты Таймуразы. Уый Ирыстоны хуссар хайы сæйраг ансамблимæ бацæттæ кодта "Фыййæутты кафт" æмæ барæсугъд кодта къорды программæ, 5 апрелы йын цы концерт уыдзæн, уый агъоммæ

Булацаты Григорийы фырт Таймураз 12 мартæй фæстæмæ райсомæй фæссихортæм йæ рæстæг æрвиты репетициты. Коллективимæ иумæ цадæггай æххæстдзинад дæтты алкæцы кафтæн дæр. "Симд"-ы хивæнд коллективы зæрдыл кæдæй-уæдæй сæмбæлд сæ ног рæстæгмæ аивадон разамонæг. Номдзыд кафæг радзырда Sputnik ирон хореографион аивад æмæ йыл рæстæджы æндæвдадыл, "Симд"-ы къордимæ куыстыл, "Алан"-ы триумфыл æмæ дарддæры фæндтыл.

Таймураз Григорийы фырт, æрæджы Дæу æрхуыдтой Хуссар Ирыстоны сæйраг ансамбльмæ кусынмæ. Куыд бамбæрстат кæрæдзи æмæ уын цы бантыст ацы рæстæг?

— "Симд"-ы аивадон къухдариуæггæнæг Гаглойты Ростик мæм фæдзырдта. Аныхас кодтам, сразы дæн. 12 марты ʻрцыдтæн æмæ мæ уайтагъд культурæйы министр Зассеты Жаннамæ бакодта. Ростик мын бамбарын кодта, кæй хъæуы "Фыййæуты кафт" сæвæрын. Иуæй ацы кафтæн уыд цæттæ дарæс, аннæмæй та у рог, хъæлдзæг кафт. Уæддæр мæ сæры уыд ацы кафт, адæймагæн йæ къæхты цы уа, уый сæры дæр вæййы, кафæг лæгæн уæлдайдæр.

Уæд мын банхъардтой бадзырд скæнын, фæлæ нырма кæрдзиимæ æнæзонгæйæ, коллективимæ æнæфембæлгæйæ бадзырд сарызын раст нæ уыд. Æз дæр фыццаг хатт нæ уыдтæн ам, уыдон дæр, æвæццæгæн, мæ кой хъуыстой. Ме "рбацыдыл мыл сæмбæлдсты къухæмдзæгъдæй æмæ лæугæйæ. Мæнæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон уыд. Кусын райдыдтам "Фыййæуты кафтыл". Стæй ма мæм Ростик бахатыд, цæмæй сæйраг программæйыл дæр бакусон. Мæхи кафтыл бахъæуæм æрдæг сахат, аннæ рæстæг та нын ацæуы программæ сыгъдæг кæныныл. Зæгъæн ис, цæттæ стæм 5 апрелы концертмæ.

— Симды коллективы, æвæццæгæн, куыд алкæцы сфæлдыстадон къорды дæр, хонынц хивæнд æмæ сæ ахастытæ ног хистæртимæ бынтон нывыл нæ рацæуынц. Дæу куыд райста къорд? Цы сæм рахатыдтæ æвæрццагæй æмæ æппæрццагæй?

— Дыууæ боны мæ фæлвæрдтой, ома ацы лæг немæ цас бафæраздзæн. Уыдон æнхъæлдтой, æз къуымы сбаддзæн, мæ иу къах иннæуыл сæвæрдзæн æмæ сæм уырдыгæй фæлгæсдзæн, фæлæ семæ симды куы бацыдтæн, уæд сæ ахаст фендæр. Дыккаг бон æрбацыдтæн, мæ дзаума кусæн дарæсмæ фæивтон, бавнæлдтам куыстмæ. Кафджыты хуызæн дæ хид куы калай, уæд дæ сæхимæ исынц. Кафæгæн дзыхæй зын амонæн у, архайд ын куыннæ фенын кæнай, уæд æй зынæй æмбары. Иу-дыууæ хатт сын равдыстон кафт. Улæфт рæстæг мыл æрхъула кæнынц æмæ мæ алварс астъæрдыл сбадынц.
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фыййæутты хъазт" æмæ "Абхазаг" кæфтытæ: "Симд" хоны ног программæмæ

Бирæ фыдбылызтæ бавзæрстой ацы фæсивæд, мæ зæрдæ дæр сыл фæриссы хаттæй-хатт. Уыдонæй кæцыдæртæ хæдæфсады сконды тох кодтой, уый та афтæ хуымæтæгæй кæм ацæуы — дæ фарсмæ дын де ʻрдхорды куы амарой, уæд уый цæрæнбонты уаргъ у. Бирæтæ дзы абон дæр фыдфынты хай сты. Уый тыххæй дæр ныхас кæнын семæ. Фæлæ хæстæн йæхи рæстæг уыд, ныр дæс азы рацыд æмæ цард йæ домæнтæ кæны. Сабыр царды цалхмæ рахизын хъæуы. Уыдон Ирыстоны цæсгом сты — нацийы хуыздæртæ, науæд ам нæ уаиккой. Уазджыты размæ "Симды" ракæнынц, нæ кафт, нæ аивад ам ис. Стæй сын уавæртæ дæр хорз ис. Ансамбль "Алан"-æн дæр ахæм бæстыхай нæй.

Æппæрццагæй æз уый уынын, æмæ стæм хатт кæй вæййы концерт. Уыдон иу концерт радтой Ног азы размæ, ныр та у апрель. Ӕдзух иугъæдон репетицийæ бафæллайынц, адæймаг ма фыдджын хæрдæй дæр куы фæлмæцы. Æнæ концертæй уыдон бынмæ цæуынц. Артист адæмы раз райхæлы. Иу концерт ивы 30 репетицийы. Хъуамæ сæ адæм уыной, науæд сæхи мидæг фыцгæйæ аивад размæ нæ рацæудзæн. Нæуи куыстмæ та бирæгътæ сты, стæй иууылдæр сты равзаргæ рæсугъд фæсивæд.

Хуссары кæддæриддæр уыд хорз кафджытæ. Плиты Нодары дæр ардыгæй акодтам 1968 азы. Гуырдзыстоны гастрольты уыд "Алан", цæргæ та Цхинвалы уазæгдон "Ирыстон"-ы кодтам, æмæ йæ ам федта нæ аивадон къухдаиуггæнæг, æрхуыдта йæ Дзæуджыхъæумæ æмæ дзы кæуылты лæг рацыд.

— Уæлдæр куыд банысан кодтай, афтæмæй ныртæккæ кусыс контрактмæ гæсгæ. Æдзухон бындурыл дæ куы æрхоной кусынмæ Хуссар Ирыстонмæ, уæд сразы уаис?

— Ӕвӕццӕгӕн, нӕйы. Мæ бæрны ис Дзæуджыхъæуы ансамбль "Скифы" æмæ уыдон дæр тæригъæд сты, куыд сæ хъуамæ ныууадзон. Ныр дæр майрæмбоны изæрæй ацæуын мӕхи къордмӕ æмæ та къурисæры ам февзæрын райсом раджы.

Æрæджы, 24 марты уыд культурæйы фадыджы кусæджы бон æмæ æрæмбырд кодтон "Алан"-ы ветеранты, равдыстам иу номыр. Иууыл карджындæр се ʻхсæн æз дæн. Рахызтыстæм нæхи сау хæдæтты æмæ хæлæфты, ахæм куыст бакодтам, 8 минуты цыд æрмæст нæ кафт. Залы уыдысты æрмæст культурæйы фадыджы кусджытæ, уыдон та карз критиктæ сты. Фæлæ махæн сыстад зал. Акафыдыстæм попурри – абхазаг, хæххон, хъаматимæ æмæ æнæцудгæ кафтыты скъуыддзаг. Уыцы къордимæ дæр мын ис фæндтæ.

— Дæ бæрзонд хорзæхты нымæцы ис Уӕрӕсейы сгуыхт артисты ном дæр. Куыд Дын æрцыд лæвæрд? Зын нæу, чысыл адæмты аивадæн чи лæггад кæны, ахæм сфæлдыстадон кусджытæн æгас Уæрæсейы сгуыхт артист суæвын?

— Иунæг хатт — 1979 азы уагъд цыд адæмон кафты ансамбльты æппæтцæдисон фенд-конкурс. Жюрийæн сæрдариуæг кодта Советон Цæдисы адæмон кафты фыццаг профессионалон ансамбль æмæ адæмон кафты фыццаг скъолайы бындурæвæрæг Игорь Моисеев. Уыдыстæм 90 адæмон кафты ансамблы. Æртæ мæйы бадтыстæм Мæскуыйы, алы изæр дæр куыста иу ансамбль. Уыдтам кæрæдзи ралæудтæ жюримæ иумæ. Уæд конкурс-фенд балхынцъ кодта Моисеевæн йæхи ансамбль, ома кæронбӕттӕны равдыстой, куыд кусын хъæуы уый дæнцæг махæн не ʻппæтæн дæр. "Алан" та куыста йæ тæккæ размæ. Чи цы бынат бацахста, уымæн ницы зыдтам.

Ансамбль Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд". Ног цъылын ногдзинӕдтӕ ӕрбамӕрздзӕн ӕви нӕ?

Гала-концерты алкӕцы ансамбль дæр æххæст кодта йæхи адæмон кафт. "Алан", кæй зæгъын æй хъæуы, акафыд симд. Уый фенддаг хъуыддаг уыд — 20 къайы уыцы дынджыр сценæйыл. Мæнæн мæ ас 1,80 метры, æмæ æз къаннæгдæртæм хаудтæн, гъе ахæм лæппутæ нæм уыд. Æгас залы бадтысты иууылдæр кафджытæ æмæ ныл сæмбæлдысты лæугæйæ. Уалынмæ рахызт Плиты Нодар. Мæхи сæры хъуын барц сбадт. Æмæ æрмæстдæр уæд фехъусын кодтой æппæтцæдисон фенд-конкурсы лауреаты — Цæгат Ирыстоны кафты ансамбль "Алан". Уæдмæ йæ нæ зыдтам, цы бынат бацахстам.

Уæд Плиты Нодар, Козаты Зелим, нæ чызг-солисткæ Касаты Галина æмæ мæнæн радтой Уæрæсейы сгуыхт артистты нæмттæ. Мах фæстæ цæдисон республикæтæй ничиуал райста ахæм бæрзонд хорзæх. Уый ныры дуджы фæрогдæр хорзæхтæ исыны хъуыддаг — чындзæхсæвы дæр ныццæлхъ кæн æмæ дæ риуыл хорзæх.

— Куыд хъуыды кæныс, Дæхæдæг ма куы кафыдтæ "Алан"-ы, уæдæй фæстæмæ исты фæцудыдта ирон кафты аивады?

Нæйы. Размæ ацыд, фæлæ æрмæстдæр техникæйæ. Абоны фæлтæр техникæйы махæй фидардæр сты. Фæцудыдтой зæрдæйы уаг æмæ æнкъарæнтæ радæттыны æууæлтæ. Эмоцитæ фæмæгуырау сты. Цы адæмы æгъдау хæссынц, уый равдисынæн уый бæрц нал сты. Уый тынг æвзæр у. Цъухъхъа манекеныл дæр скæн. Кафæгæн йæ миддуне куы скуса, уæд цухъхъа дæр кафы. Былтæ гом кæнын нæ фидауы, фæлæ мидæгæй куы худай, уæд дæ цæсгом уыдзæн райдзаст æмæ худдзæн. Ирон кафты сылгоймаг хъауамæ уа къæмдзæстыг, йæ цæстытæ æруадза, лæппу та цæхæрцæст.

— Абон ирон кафты дæнцæг кæцы къордӕн ис схонæн?

— Дунейы адæмтæ хицæн кæныц се "взаг æмæ аивадæй. Ирон кафт "Алан" æмæ "Симд"-æй хуыздæр чи хъуамæ акæна. Бирæтæ ӕххӕст ирон кафтытæ — уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, фæлæ нæхи хуызæн ничи арæхсы. Симды сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы бакасты цас æгъдау æмæ фæтк ис, уый радæттын алкæй тыхы нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0