ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы упраленийы кусджытæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады кусджытæ уадзынц афтеччыты басгæрсттæ, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.
Рейдты нысан у раргом кæнын æнæ лицензитæй цы афтеччытæ кусынц, афтæ ма психотропон буарадтæ æнæзакононæй чи уæй кæны, уыдоны сбæрвырд кæнын.
"Психотропон æмæ карз хосты реализаци Хуссар Ирыстоны территорийыл у тобæгонд. "Наркотикон фæрæзтæ æмæ психотропон буарæдты тыххæй" РХИ-ы закон республикæйы парламент райста 2016 азы", — дзырдæуы ведомствæйы хъусинаджы.
Уыимæ иумæ нысан цæуы, ацы препараттæн балхæныны фадат кæй уыдзæн паддзахадон афтеччыты дохтыры рецептмæ гæсгæ.