"Иугонд Ирыстон" бафыста сразыдзинад Фæцæфуæвджыты хъахъхъæныны фондимæ

© Пресс-служба парламента РЮО"Иугонд Ирыстон" бафыста сразыдзинад Фæцæфуæвджыты хъахъхъæныны фондимæ
Иугонд Ирыстон бафыста сразыдзинад Фæцæфуæвджыты хъахъхъæныны фондимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парти "Иугонд Ирыстон" сарæзта бадзырд Хуссар Ирыстоны æфсæддон архæйдтыты ветеранты фондæн æххуыс кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Республикон политикон парти "Иугонд Ирыстон" бафыста сразыдзинад Фæцæфуæвджыты хъахъхъæныны фондимæ, хъусын кæны республикæйы парламенты пресс-службæ.

Политикон парти Иугонд Ирыстон æмæ сывæллæтты хæрзаудæн фонд Лæвар базыртæ бафыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Ирыстон" æххуыс кæндзæн хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæн"

Документмæ гæсгæ, парти алыварсон æххуыс кæндзæн фондæн. Бадзырдыл сæ къухфысттæ æрæвæрдтой партийы сæргълæууæг Тадтаты Алан æмæ фонды президент Плиты Мæдинæ.

"Ӕнæ сразыдзинадæй дæр нын алыхатт дæр æххуыс кодтай æмæ дæ стæм стыр бузныг. Де ′рдыгæй хæсты ветерантæ никуы аззадысты æнæхъусдардæй", — банысан кодта Плиты Мæдинæ.

Партийы сæргълæууæг та банысан кодта, ветерантæ æнæхъусдард макуы хъуамæ аззайой.

"Нæ хъусдардæй нæ хъæуы уадзын Фæцæфуæвджыты хъахъхъæныны фонд, хъæуы сын алыварсон æххуыс кæнын. Ветерантæ сты ахæм категори, кæцытæ се ′нæниздзинад æрхастой нывондæн республикæйы сабырдзинадæн. Уыдон тыххæй исынц фильмтæ, кæцыдæртыл дзы цæуынц таурæгътæ", — загъта Тадтаты Алан.

Парийы разамонæг бахахх кодта, "Иугонд Ирыстон" дарддæр кæй æххуыс кæндзæн фондæн бафыстгонд сразыдзинады бындурыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0