ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хайад райсдзæн Ялтайы IV æхсæнадæмон экономикон форумы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Делегацийы сконды сты фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий, Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр, финансты министр Хæбæлаты Аза, экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадий, транспорт æмæ сæудæджерады комитеты сæргълæууæг Бекъойты Геннадий.
Форумы фæлгтæтты бафыст æрцæудзæн Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы æхсæн фæндты тыххæй протокол.
"Документ бафыст æрцæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы æхсæн дыууæварсон базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстад фæарфдæр æмæ рауæрæхдæр кæныны нысанæн", — загътой президенты пресс-службæйы.
Ялтайы æхсæнадæмон экономикон форум ацæудзæн 19-21 апрелы.