ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Драмæ "Непрощенный"-ы дунейон премьерæ Калоты Виталийы тыххæй æрбайгом кæндзæн 40-æм Мæскуыйаг æхсæнадæмон кинофестивалы уæрæсейаг программæ, хъусын кæны ПТРК "Алани".
"Кинематографистты централон хæдзары 20-25 апрелы 40-æм Мæскуыйаг æхсæнадæмон кинофестивалы фæлгæтты уыдзæн не ′мзæххон зындгонд режиссерты ног куыстыты традицион равдыст. Уæрæсейаг программæ æрбайгом кæндзæн фильм "Непрощенный", — дзырдæуы хъусинаджы.
Сæйраг роль – цæгатирыстойнаг архитекторы фæлгонц кинонывы сæххæст кодта актер Дмитрий Нагиев.
Киноныв таурæгъ кæны Германийы сæрмæ арвыл æрцæугæ трагедийыл, кæцы ахаста Виталийы дыууæ сывæллоны æмæ æмкъайы цард.
Фильм "Непрощенный"-ы премьерон равдыст уыдзæн 20 апрелы Кинематографистты хæдзары.
Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ цардæмбал ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амардта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой.