Ног хъаугъа театры: цæмæн фæкъуыхцы аргъауы премьерæ

© Sputnik / Питы ФатимæПрофцæдисты бæстыхайы зал
Профцæдисты бæстыхайы зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аргъау "Тæрхъусы амонд"-ы премьерæ хъуамæ ацыдаид цыппæрæмы фыццаг сахатыл, фæлæ залы къæсæрæй иу саби дæр нæ бахызт

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл фæкъуыхцы аргъау "Тæрхъусы амонд"-ы премьерæ. Снысангонд рæстæг – 13:00 сахатыл кæсæн залы иу саби дæр нæ уыд. Ахæм цауыл коллектив æмбæлы фыццаг хатт æмæ дзы азым кæны театры администрацийы.

Хуссар Ирыстоны театры труппæимæ "Тæрхъусы амонд" сæвæрдта режиссер Чилæхсаты Эдурад Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Тъехты Василийы уацмысмæ гæсгæ. Премьерæтæ нысан æрцыдысты 19-20 апрельмæ.

Аргъау Тæргъусы амонд-ы афишæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног премьерæ: театр цæттæ кæны аргъау "Тæрхъусы амонд"

"Ӕрдæбон ныхас кодтон ам 40 азы чи кусы, ахæм адæймагимæ, уый фидарæй дзуры, зæгъгæ, 40 азы дæргъы театры историйы никуы уыд ахæм цау æмæ 5 минут раздæр аивой премьерæ. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ театр баззад æнæхицау. Æппæт дæр арæзт цæуы, цæмæй æддейæ хорз зына, мидæгæй та хъуыддаг у мæгуырау. Актертæ иууылдæр уыдысты цæтæ, цæмæй Цхинвалы сæвæллæттæ æрбацыдаиккой æмæ сын циндзинад æмæ æхцондзинад æрхастаиккам. Фæлæ нын ацы фадат нæ радтой. Мæнмæ уый кæсы стыр диссаг", — загъта Sputnik актер Мамиты Григорий.

Ацы къуыхцыйы режиссер Чилæхсаты Эдуард нымайы азымджыныл театры администрацийы.

"Администраци зал не ʻрымбырд кодта æмæ уый тыххæй премьерæ нæ ацыд. Никуы хъуыды кæнын ахæм цау", — загъта режиссер.

Уый ма равдыста ныфс, майрæмбоны кæсджытæ кæй фæзындзæн аргъауæн æмæ премьерæ нывæзтмæ гæсгæ кæй ацæудзæн.

Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтæмæй аргъауы премьера кæй тыххæй фæкъуыхцы, уыдон æфхæрд æрцæудзысты.

"Премьерæ аргъæвтам майрæмбонмæ. Театр та кусы штатон режимы", — загъта Дзудцаты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0