Хъотайты Мария: Хуссар Иры августы ацæудзысты уæрæх мадзæлттæ

© Sputnik / Наталья АйриянМария Котаева
Мария Котаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария брифингы рæстæджы Sputnik-ы радзырдта, куыд нысан кæндзæн Хуссар Ирыстон хæдбардзинад банымадыл 10 азы сæххæст

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадыл 10 азы сæххæсты цытæн нывонд мадзæлтты хайад исдзæн культурæйы министрады æмæ æндæр ведомствæты ресурс иууылдæр. Ацы нысанæн арæзт æрцыд сæрмагонд республикон къамис президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, кæцыйы сконды ма культурæйы министрадæй дарддæр сты æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, УУМ æмæ мыхуыр æмæ информацийы комитет, фехъусын кодта брифингы рæстæджы Sputnik-ы Хуссар Ирыстоны информацион ведомствæйы разамонæг Хъотайты Мария.

"Республикæйы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы стыр сюрприз: уыдон уыдзысты уæрæх мадзæлттæ аивадон коллективты хайадистæй, уый нымæцы Цæгат Кавказы республикæтæй", — загъта уый.

Информацийы комитет уæрæхæй хъусын кæндзæн мадзæлтты цыды тыххæй, сæрмагонд къамисы уæнгтæ та рæстæгæй рæстæгмæ дæтдзысты хыгъд, мадзæллтæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног къамис сорганизаци кӕндзӕн Хуссар Иры юбилейон Банымады бон

"Дæс азы у серьезон датæ æмæ æрлæууыд рæстæг бæлвырд фæстиуджытæ саразынæн", — банысан кодта Мария.

Мадзæлтты официалон хай уыдзæн тынг ирд. Цины æнкъарæнтæ Хуссар Ирыстонимæ адих кæнынмæ æрцæудзысты чиновниктæ Цæгат Кавказæй æмæ УФ-йы æндæр регионтæй. Уымæй дарддæр, мадзæлтты рæстæджы Хуссар Ирыстон раргом кæндзæн уæрæх публикæйæн цифрæтæ æмæ бæрæггæнæнтæ, кæцытæ ныры онг уыдысты сусæг.

"Фыццаг хатт дæс азы мидæг Хуссар Ирыстон фехъусын кæндзæн 1989 азæй фæстæмæ гуырдзиаг хотыхджын агрессийы рæстæджы республикæйæн цы зиан баконд æрцыд, уый суммæ", — загъта Хъотайты Мария.

Зиан банымайыны куыст, йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн райдыдта æмæ йæ фæстиуджытæ бацæудзысты экспертон докладтæм æмæ сæ фехъусын кæндзысты æхсæнадæн. Ӕмрæстæджы, эксперттæ радзурдзысты бæстæйы фæсхæстон сæндидзыны темптæ æмæ бантысгæ бæрæггæнæнты тыххæй.

Дæс азы размæ, 2008 азы 26 августы, Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведев бафыста сӕрмагонд барамынд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фæдыл. Уæрæсейы фæстæ ма дыууæ республикæйы хæдбардзинад банымадтой ноджы цалдæр паддзахады, уыдон нымæцы Венесуэла, Никарагуа æмæ сакъадахон паддзахадтæ – Науру æмæ Тувалу.

Ног хабӕртты лентӕ
0